Хуссар Иры унитарон куыстуæттæн бахæс кодтой бирæмилуанон хæстæ сæхгæнын

© Sputnik / Владимир Трефилов /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейы æхца
Уæрæсейы æхца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахадон куыстуæттæн Хуссар Ирыстоны бюджеты раз ис æрдæгмиллиард сомы бæрц хæс

ЦХИНВАЛ, 22 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон унитарон куыстуæтты финансон-хæдзарадон архайды контролы фæдыл æхсæведомствæйон къамис бахæс кодта ацы куыстуæтты хæс сæхгæнын республикæйы бюджеты раз. Хæсты иумæйаг суммæ ивгъуыд азы кæрон уыд 485 милуан сомы, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны хицауады пресс-службæ.

Ведомствæ куыд нысан кæны, афтæмæй экономикон райрæзты министр Кокойты Геннадийы къухдариуæгадæй цы къамисы æмбырд уагъд æрцыд, уым уынаффæ цыд унитарон куыстуæтты ивгъуыд азы куысты фæстиуджыты тыххæй æмæ сæ нывæзттыл ацы азмæ.

Унитарон куыстуӕтты архайд снывыл кӕныны фӕдыл ӕхсӕнведомствӕйон къамисы рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зианхӕссӕг унитарон куыстуӕттӕ Хуссар Иры ӕрцӕудзысты ӕхгӕд

"Ӕрбавдисгæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, паддзахадон унитарон куыстуæтты къухдариуæггæнджытæн бахæсгонд æрцыд бафидын хæс паддзахадон бюджеты раз, кусгæ цы куыстуæттæ нæ кæнынц, уыдоны хъысмæт та аскъуыддзаг кæнын – хъæуы сæ ныууадзын æви нæ юридикон субъектты хуызы", — дзырдæуы хъусинаджы.

Хуссар Ирыстоны хъалонтæ æмæ фиддонты комитеты информацимæ гæсгæ, унитарон куыстуæтты хæс 2017 азы декабры райдианы уыд 485 милуан сомы, банысан кодтой хицауады пресс-службæйы.

Ӕмрæстæджы, æхсæнхицауадон къамис, ацы организациты куысты фæстиуджытæн анализ саразгæйæ, банысан кодта æвæрццаг тенденцитæ дæр: цалдæр егъау куыстуаты фæфылдæр кодтой бæрæггæнæнтæ сыгъдæй пайдайы фæдыл, кæцытæ цæуынц паддзахадон бюджетмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0