"Нæ фæсмон кæнын": Колыты Иналыл Цхинвалы исынц документалон кино

© Sputnik / Наталья АйриянКолыты Инал
Колыты Инал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Документалон лентæ "Нæ фæсмон кæнын" таурæгъ кæндзæн гуырдзиаг-ирон конфликты хъайтар Колыты Иналы цардвæндагыл, фæстæдæр уый хъавынц бавдисын æхсæнадæмон кинофестивальмæ

ЦХИНВАЛ, 22 фев — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Националон киностуди "Allonfilm" бавнæлдта Колыты Иналы тыххæй киноныв исынмæ. Документалон лентæйы дзырд цæудзæн Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПӔК) æнæштатон кусæг, дывæр агенты цардвæндагыл, фехъусын кодта Sputnik киностудийы директор Мамиты Григорий.

Колыты Инал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Колыты Инал: ныр чизоны раздӕрау ацӕуон хӕхтӕм дӕр

Гуырдзыстоны террористон фӕндтӕ раргом кӕныны тыххӕй Колыты Иналы спырх кодтой йӕ хӕдтулгӕйыл 2008 азы хӕсты агъоммӕ. Лӕппу фесӕфта йӕ дыууӕ къахы дӕр ӕмӕ райста уӕззау цӕфтӕ.

"Ныридæгæн бавнæлдтам кинонывыл кусынмæ, йæ кусæгон ном у "Нæ фæсмон кæнын". Лентæ уыдзæн документалон, аивадон æгъдауæй барæсугъд кæнын æй нæ хъæуы, уымæн æмæ лæппуйæн афтæ ирд æмæ нæуырнинаг хъысмæт ис, æмæ голливудаг режиссертæ дæр карздæр нæ рымысыдаиккой. Фылдæр бæрцæй киноныв æнцой кæндзæн Колыты Иналæн йæхи мысинæгтыл", — загъта Григорий.

Уый ма банысан кодта, киноныв кæй хъуамæ сцæттæ уа 20 мартмæ, цæмæй йæ бавдисой æхсæнадæмон фестивальмæ.

"Фæхуыдтой нæ документалон кинонывты XIII æхсæнадæмон фестиваль "Победили вместе"-мæ æмæ уæдмæ хъуамæ сцæттæ уа нæ киноныв. Æппæтварсон æххуыс нын кæны президент, цæттæ у кусынмæ сфæлдыстадон къорд æмæ алцыдæр хъуамæ ацæуа нывыл", — бафтыдта уый.

Киностуди "Allonfilm"-ы сконды Мамиты Григорийæ дарддæр архайынц Бестауты Юля, Хаситы Михаил æмæ Цхуырбаты Сергей.

Инал Колиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мӕнг коллаборационист – Колыты Инал

Паддзахадон ӕдасдзинады раздӕры ӕнӕштатон кусӕг, паддзахадон хорзӕхты кавалер Колыты Инал 2004 азы Хуссар Иры ПӔК-ы амындмӕ гӕсгӕ сразы ис Гуырдзыстоны сӕрмагонд службӕты ӕмгуыстады ӕнхъарӕныл. Уый бахызта Цхинвалы цалдӕр терактӕй, фӕлӕ йын уӕддӕр фӕстагмӕ йӕхи фыдбылызӕй бахизын нал бантыст. Гуырдзыстоны террористон фӕндтӕ раргом кӕныны тыххӕй сӕ сæрмагонд службæтæ спырх кодтой Иналы хӕдтулгӕ 2008 азы марты. Ӕвзонг лæппу террористон акты фæстиуæгæн фесæфта йæ дыууæ къахы дæр, райста уæззау цæфтæ.

Лæппуйы уæззау хъысмæты тыххæй Sputnik фыста сæрды 2017 азы, уый фæстæ президент Бибылты Анатолийы финансон æххуысæй Колыты Иналæн раивтой йæ протезтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0