Президент: Къуаисайы ацы аз бавналдзысты фæндагарæзтадмæ

© Пресс-служба президента РЮОВстреча Анатолия Бибилова и мэра Квайсы Геннадия Баззаева
Встреча Анатолия Бибилова и мэра Квайсы Геннадия Баззаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сæргълæууæг фембæлд Къуаисайы мэримæ

ЦХИНВАЛ, 28 фев — Sputnik. Горæт Къуаисайы ацы аз бакусдзысты цыппар уынджы хæрзарæзтадыл æмæ адардддæр кæндзысты цæрæн пунктмæ трассæ асфальткæнæн куыстытæ, загъта президент Бибылты Анатолий горæты администрацийы ног сæрдар Бæззаты Геннадиимæ йæ фембæлды рæстæджы.

Къуаисайы ӕрдӕгарӕзт аргъуан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Алайнаг епархи кӕронмӕ бакӕндзӕн Къуаисайы ӕрдӕгарӕзт аргъуаны куыстытӕ

Бæззаты Геннадий Къуаисайы мэр ссис ацы аз февралы, президент йæхæдæг бацыд горæтмæ, бафыста барамынд цæрджытимæ фембæлды рæстæджы.

"Къуаисамæ мæ фæстаг балцы рæстæджы адæм хъазт кодтой фылдæр бæрцæй фæндæгты тыххæй. Бæстæйы разамынады рдæгæй барамындтæ лæвæрд æрцыд æмбæлон структурæтæн, цæмæй цыппар уынджы рцæуой хæрзарæзт", — загъта президент.

Бибылты Анатолий ма бафтыдта, Цхинвал-Къуаисайы трассæйы арæзтад дæр дарддæр кæй æрцæудзæн: нырма уал асфальт схæццæ Хъемултайы онг, фæлæ ацы аз фæндаг баххæст кæндзысты.

"Адæм хъуамæ ма рох кæной республикæйы разамынад æппæт дæр кæй аразы, цæмæй сæ цардуавæртæ фæхуыздæр уой. Хъæуы ма доныхæтæл саразын æмæ сифтонг кæнын цæрджыты донæй", — загъта бахахх кодта президент.

Мэр йæхи рдыгæй бавдыста президентмæ суагъæтæ æрæмных кæнынмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0