Хуссар Ирыстоны минæварад ссардта Уго Чавесы рухс ном

© МИД РЮО в РФХуссар Ирыстоны минæварад ссардта Уго Чавесы рухс ном
Хуссар Ирыстоны минæварад ссардта Уго Чавесы рухс ном - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мæскуыйы уагъд æрцыд номарæн мадзал Венесуэлайы раздæры лидер Уго Чавесы амæлæтыл фондз азы сæххæсты фæдыл

ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауыр райста хайад Венесуэлайы раздæры лидер Уго Чавесы амæлæтыл фондз азы сæххæсты цытæн номарæн мадзалы, хъусын кæны хуссарирыстойнаг дипломатон уагдоны пресс-службæ.

Виталий Чуркины рухс номæн нывонд конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Знауыр: Хуссар Ирыстоны æнустæм баззайдзæн Виталий Чуркины ном

"Республикæ Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыр Республикæ Венесуэлайы минæвар Уæрæсейы – Карлос Рафаэль Фариа Тортосайы фæхуындæй райста хайад Ӕнусон Команданте Уго Рафаэль Чавес Фриасы амæлæтыл фондз азы сæххæстæн нывонд дидинтæ сæвæрыны церемонийы", — дзырдæуы хъусинаджы.

Райдианы уал Уго Чавесы рухс ном ссарынæн айзæлыдысты Венесуэла æмæ Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон гимнтæ. Уый фæстæ политикы цыртмæ сæвæрдтой дидинтæ.

Уго Чавесы уынгыл Мæскуыйы цы номарæн мадзал ацыд, уым райстой хайад фæсарæйнаг паддзахæдты минæвæрттæ, Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæдты минæвæрттæ æмæ æндæр официалон гоймæгтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0