Хуссар Ирыстоны хуыздæр шахматисттæ стох кодтой турниры

© Sputnik / Владимир Песня /  Ахизын медиабанкмæШахматтæ
Шахматтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мадзалы организатортæ куыд банысан кодтой, афтæмæй шахматон турнир уыд нывонд сылгоймæгты æхсæнадæмон бонæн

ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik. Сылгоймæгты æхсæнадæмон бонæн нывонд дыууæбонон чемпионат шахмæттæй хистæрты æхсæн ацыд ивгъуыд улæфт бонты Цхинвалы, радзырдта Sputnik Хуссар Ирыстоны шахмæтты федерацийы сæргълæууæг Саулохты Георгий. Уый бахахх кодта, турниры хайад кæй райстой республикæйы иууыл тыхджындæр шахматисттæ.

Валерий Халин – шахматтӕй Хуссар Иры фидӕны чемпион

"Турнирмæ уагъд цыдысты алы кары хъазджытæ дæр, сæйраг критерий уыд хайадисджыты профессионалон æмвæзад. Раздæры ерыстæм гæсгæ, мах равзæрстам иууыл тыхджындæрты – æдæппæтæй дзы райстой хайад 14 шахматисты. Чемпионат адарддæр ис дыууæ боны", — загъта уый.

Хъæзтыты фæстиуджытæм гæсгæ фыццаг бынат бацахста Валерий Халин, дыккаг бынат — Абайты Анна, æртыккаг бынат райста Сиукъаты Алан. Уæлахиздзаутæ æмæ хайадисджытæн радтой призтæ æмæ зынаргъ лæвæрттæ. Турнир ацыд компани "Мегафон"-ы æххуысæй.

Уый размæ та РХИ-ы Шахмæтты федераци æмæ Спорткомитет ауагътой республикæйы чемпионат шахмæттæй 23 февралы цытæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0