Ӕмгъуыдæй раздæр Хуссар Иры схъæлæс кодтой иу мин УФ-йы æмбæстæгтæй фылдæр

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæВыборы президента РФ
Выборы президента РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейы минæварад банысан кодта æвзарджыты егъау нымæц республикæйы æмгъуыдæй раздæр схъæлæс кодтой УФ-йы президентæн

ЦХИНВАЛ, 7 мар — Sputnik. УФ-йы президенты æвзæрстыты фæдыл æмгъуыдæй раздæр хъæлæскæнынады Хуссар Ирыстоны территорийыл хайад райстой 1, 2 мин уæрæсейаг æмбæстæгтæ, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны территорийыл УФ-йы минæварады пресс-службæ.

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Спикер: ног æрсидты парламент æвзæрст цæудзæн ӕмхӕццӕ системæмæ гæсгæ

Ӕмгъуыдæй раздæр хъæлæскæнынад ацыд 5-6 марты Хуссар Ирыстоны территорийыл — Балта, Зиууат, Мугут, Синагур, Абреу, Бихъар, Гром, Арцеу æмæ Сатихъары хъæууон администрациты, афтæ ма Цъинагары зонæйы, Балта, Ларгви æмæ Дисеуы поселокты æмæ горæт Къуайсайы.

УФ-йы хицæн къорд æмбæстæгтæн рацæугæ хъæлæскæнынад ауагътой фадыгон æвзарæн къамистæ районты администрациты, Хуссар Ирыстоны МХМ æмæ æндæр паддзахадон структурæты æххуысæй. Минæварад ма банысан кодта æвзарджыты егъау нымæц.

Хуссар Ирыстон у æртæ паддзахадæй иу, кæцы райсы активон хайад уæрæсейаг æвзæрстыты, банысан кодта йæ интервьюйы "Российская газета"-йæн УФ-йы ЦӔК-ы уæнг Василий Лихачев.

Ног хабӕртты лентӕ
0