Президент баххуыс кæндзæн Цхинвалы рæстдинон аргъуаны арæзтадæн

© Пресс-служба парламента РЮОЦхинвалы Дзуарæфтауæг Иоанны номыл рæстдинон аргъуан
Цхинвалы Дзуарæфтауæг Иоанны номыл рæстдинон аргъуан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы цæгатварс цы аргъуан арæзт цæуы, уырдæм фæуазæг сты парламенты спикер Гасситы Петр æмæ "Иугонд Ирыстон"-ы лидер Тадтаты Алан

ЦХИНВАЛ, 12 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бахæс кодта Цхинвалы Дзуарæфтауæг Иоанны номыл рæстдинон аргъуаны арæзтадæн баххуыс кæнын. Уый тыххæй парламенты спикер Гасситы Петр загъта аргъуаны динамонæг, фыд Сергиймæ фембæлды рæстæджы, хъусын кæны закорганы пресс-службæ.

Аргъуан цæуы арæзт Цхинвалы, микрорайон "Мæскуыйаг"-мæ бацæуæны. Арæзтад райдыдта дыууæ азы размæ, фæрæзтæ раттынц рæстдиныл хæст адæм æмæ динамонджытæ сæхæдæг. Хуыцаумæскуывдтæ нырма уагъд цæуынц ныккæнды, цы ран фæстæдæр уыдзæн дзуарæфтуауæн хатæн. Ӕрдæгарæзт аргъуанмæ фæуазæг сты спикер Гасситы Петр æмæ "Иугонд Ирыстон"-ы разамонæг Тадтаты Алан.

"Президент бахæс кодта парти "Иугонд Ирыстон"-ы разамонæгæн алыварсон æххуыс бакæнын аргъуаны арæзтад балхынцъ кæнынæн", — загъта Гасситы Петр.

Уый бахаста фæндон фыд Сергийæн, цæмæй саразой куполы заказ æмæ ссарой специалисттæ йæ сæвæрынæн.

Президент фембæлд Цхинвалы архиепископ Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Леонидимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий: Хуссар Ирыстон йæ фидæн нæ уыны æнæ чырыстон динæй

"Ма йæ ныддаргъ кæнут. Аргъуан хъуамæ арæзт æрцæуа куыд тагъддæрæй", — загъта спикер.

Тадтаты Алан фидарæй загъта фыд Сергийæн, партийæн цы йæ бон у, уымæй кæй баххуыс кæндзæн аргъуаны арæзтадæн.

Фыд Сергий радзырдта, зæгъгæ, кæд аргъуан у æрдæгарæзт, уæддæр ардæм цæуджыты нымæц кæны фылдæрæй фылдæр æмæ ныккæндон агъуыст уыдонæн нал фаг кæны.

"Кæй зæгъын æй хъæуы, хорз уаид, аргъуан тагъддæр арæзт куы æрцæуид. Махмæ абон æрмæст микрорайонæй нæ цæуынц, фæлæ æппæт республикæйæ, уæлдайдæр та бæрæгбæтты. Къухдариуæгады фæрцы, аргъуаны арæзтад кæронмæ куы бахæццæ уа, уæд махæн уыдзæн фадат службæтæ уæрæхдæрæй уадзын", — загъта фыд Сергий.

Динамонæг ма банысан кодта, хорз кæй уаид æмæ горæты алы районы дæр арæзт куы æрцæуиккой чысыл аргъуантæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0