Цхинвалы цæрæгæй адавтой 200 мин сомы

© Sputnik / Наталья АйриянМВД
МВД - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къæрныхтæ ахастой зианбаййафæджы хæдзарæй 200 мин сомы бæрц æхца æмæ сыгъзæринтæ

ЦХИНВАЛ, 12 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ агурынц æбæрæг гоймæгты, кæцытæ адавтой сыгъзæринтæ æмæ æхцатæ Цхинвалы цæрæджы хæдзарæй, хъусын кæны республикæйы МХМ-ы пресс-службæ.

Дукани Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны дуканитæй иуæй адавтой 200 мин сомы бæрц

Зианбаййафæджы ныхæстæм гæсгæ, давыны хъуыддаг æрцыд марты райдианы, зианы иумæйаг суммæ уыд 200 мин сомы.

МХМ-ы кусджытæ райхæлдтой ноджы иу давд, кæцы æрцыд ивгъуыд къуыри: Знауыры районы Цъорбисы хъæуы цæрæджы хæдзарæй адавтой бензохырх æмæ электродрель. Зианбаййафæг милицимæ куы бахатыд, уый фæстæ ведомствæйы кусджытæ Дменисы хъæуы (Цхинвалы район) æрцахстой Цхинвалы 24-аздзыд цæрæджы. МХМ-ы банысан кодтой, уый кæй басаст давыны хъуыддаджы, давд æхцатæ æмæ сыгъзæринтæ та байст æрцыдысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0