Хуссар Иры президенты цур арӕзт ӕрцыд ӕмбӕстагады фӕдыл къамис

© Sputnik / Михаил ХасиевЗдание правительства РЮО
Здание правительства РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къамис йӕ хъус дардзӕн Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстагад райсыны тыххӕй куырдиӕттӕм

ЦХИНВАЛ, 14 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бафыста барамынд бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы цур ӕмбӕстагад райсыны фырстыты фӕдыл къамис саразыны тыххӕй.

Президенты пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй ма уыцы барамындӕй Бибылты Анатолий сфидар кодта къамисы ног сконд ӕмӕ рахаста уынаффӕ, цӕмӕй раздӕры къамисы нормативон акттӕ, кӕцытӕй фыццаг мыхуыры рацыд 2012 азы, фесафой сӕ тых.

Къамисы скондмӕ бацыдысты Хуссар Ирыстоны хицауады ӕххӕстгӕнӕн ӕмӕ закондӕттӕн къабӕзты минӕвӕрттӕ, уыдон нымӕцы фӕсконфликтон уавӕр ӕрнывыл кӕныны фӕдыл президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Джиоты Мурӕт, Цхинвалы мэр Коцты Алан, парламенты депутат Дьяконты Амиран, районты къухдариуӕггӕнджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0