Ӕртыккаг æрцыд: "Лидер" ссыгъдæг кæндзæн хæлæн æрмæгæй Цхинвалы районы иу хай

© Sputnik / Пресс-служба МЧС РЮОЦентр "Лидер"-ы минæвæртты фембæлд ХИ УУМ Тадтаты Аланимæ
Центр Лидер-ы минæвæртты фембæлд ХИ УУМ Тадтаты Аланимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Центр "Лидер" кусдзæн бæрзонд "Паук"-ы, Ног Куртайы хъæууон администрацийы зæххытыл æмæ Зары фæндагыл

ЦХИНВАЛ, 14 мар — Sputnik, Плиты Фатима. Уæрæсейы УУМ-ы ирвæзынгæнæн операциты центр "Лидер"-ы специалисттæ æрцæудзысты Хуссар Ирыстонмæ ныр æртыккаг хатт. Кусæгон къордæн йе ʻрцыд нысан у 14 апрельмæ, фехъусын кодта Sputnik ХИ УУМ-ы пресс-секретарь Тедеты Роза.

Мчс подписание - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Лидер"-ы хистӕр радта Хуссар Иры минӕтӕй ссыгъдӕггонд территоритӕ

"Уæрæсейы президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ УФ УУМ кусы Хуссар Ирыстоны территори хæлæн æрмæгæй ссыгъдæг кæныныл. Ныр уыдзæн нæ архайды æртыккаг этап. Нæ фæнды ис бакусын 80 боны дæргъы, къорды сконды уыдзæн 30 адæймаджы. Сыгъдæгкæнинаг территоритæ бацамоны Хуссар Ирыстон фарс", — хъусын кæны пресс-службæ УФ УУМ-ы æхсæнадæмон архайды департаменты хистæры хæдивæг Тихон Баздыревы ныхæстæ.

Нывæзтмæ гæсгæ, ацы куыст адарддæр уыдзæн 2019 азы дæр.

"Ӕртыккаг æрцыды рæстæджы уæрæсейаг специалисттæ фæнд кæнынц хæлæн æрмæгæй ссыгъдæг кæнын 30 гектары бæрц. Нысан æрцыдысты æртæ бынаты – бæрзонд "Паук", Ног Куртайы хъæууон администрацийы зæххытæ æмæ Зары фæндаг. Ацы бынæтты цыд хæстон архайдтытæ, кæмдæрты дзы æрцыд срæмыгъдтæ æмæ сæ аххосæй зиæнттæ дæр", — загъта РХИ УУМ Тадтаты Алан.

Уæрæсейы УУМ-ы ирвæзынгæнæн операциты центр "Лидер"-ы специалисттæ сæ фыццаг балцы рæстæджы минæтæй ссыгъдæг кодтой 50 гектар зæхх æмæ сæнæзианхъом кодтой 350 рæмудзæн æрмæджы. Ивгъуыд аз та сæ куыст балхынцъ кодтой ахæм фæстиуджытимæ — ссыгъдæг кодтой 30 гектары, сæнæзианхъом кодтой 105 минæ æмæ рæмудзæн æрмæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0