Хуссар Ир сӕхгӕндзӕн йӕ арӕн Гуырдзыстонимӕ

Гуырдзыстонимӕ арӕн
Гуырдзыстонимӕ арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырдзыстонимӕ арӕн ӕхгӕд ӕрцӕудзӕн Уӕрӕсейы президентон ӕвзӕрстыты рӕстӕджы

ЦХИНВАЛ, 25 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕн Гуырдзыстонимӕ ӕхгӕд ӕрцӕудзӕн Уӕрӕсейы президентон ӕвзӕрстыты рӕстӕджы, хъусын кӕны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕ.

"Паддзахадон ӕдасдзинады комитет хъусын кӕны, Хуссар Иры территорийыл ахсджиаг ӕхсӕнадон-политикон мадзӕлтты рӕстӕджы ӕдасдзинад бахъахъхъӕныны нысанӕн 17 марты 21.00 сахатӕй фӕстӕмӕ рӕстӕгмӕ урӕд кӕй ӕрцӕудзӕн уадзӕн пунктты куыст", — дзырдӕуы хъусинаджы.

ПӔК-ы ма банысан кодтой, уадзӕн пункттӕ ӕрвылбонон режимы сӕ куыст кӕй райдайдзысты 19 марты 06.00 сахатӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0