Хуссар Ирыстоны президент бахæс кодта ЦКХ-йы реалон хæрдзтæ банымайын

© Sputnik / Михаил ХасиевЦхинвалы уынгтæ
Цхинвалы уынгтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
РХИ- сæргълæууæг Бибылты Анатолий ауагъта æмбырд республикæйы цæрæн пунктты хæрзарæзтады фарстыты фæдыл

ЦХИНВАЛ, 16 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент ауагъта æмбырд, цы ран дзырд цыд, цæрæн-коммуналон хæдзарад (ЦКХ) муниципалон баиугæндты территорийы æфснайыны æмæ хæрзарæзтады рæстæджы цы бахыгъдтæй хъуамæ пайда кæной, уыдоны домæнты фарстытыл, хъусын кæны республикæйы сæргълæууæджы пресс-службæ.

Сӕрфӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
110 сӕрфӕджы vs Цхинвалы 35000 цӕрӕджы

Арæзтад, архитектурæ æмæ ЦКХ-ы министры х. æ. Зæгъойты Эдуард банысан кодта, бацæттæгонд кæй æрцыдысты дыууæ проекты – бацæттæ сæ кодтой арæзтады министрад æмæ экономикон райрæзты министр.

"Арæзтад, архитектурæ æмæ ЦКХ-ы министрад цы проект бацæттæ кодта, уым фыст сты горæт Цхинвалы æфснайыны технологитæ. Уыцы домæнтæм гæсгæ, уынгтæй æфснайд цæуынц алыгъуызон бырæттæ", — загъта уый.

Президент бахаста фæндон, цæмæй нымад æрцæуой реалон хæрдзтæ, кæцытæ хъæуынц цæрæн-коммуналон хæдзарады куыстæн. Уый банысан кодта, кæй ис алыгъуызон цæстæнгастæ æмæ хъуыдытæ, "уымæн æмæ æнæ уыдонæй махæн нæ бантысдзæн раст скъуыддзаг райсын.

"Хъæуы лæмбынæг банымайын алы цифрæ дæр æмæ райсын ЦКХ-ы куыстæн финансон фæрæзты хæрдзты дырыс формулæ", — загъта Бибылты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0