Хуссар Иры æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад фехъусын кодта материалон æххуысы суммæтæ

© Fotolia / VILeviБольничный коридор
Больничный коридор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ социалон райрæзты министрад дарддæр дæр кæны материалон æххуыс рсепубликæйы æмбæстæгтæн, кæцытæ сты уæззау цардуагон уавæры

ЦХИНВАЛ, 16 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ социалон райрæзты министрады информацимæ гæсгæ, иурæстæгон материалон æххуысы суммæ ацы аз январь æмæ февралы мæйты уыд 1, 4 милуан сомы бæрц, хъусын кæны республикæйы хицауады пресс-службæ.

Спикер парламента и глава МЧС Южной Осетии помогли многодетной семье - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парламенты спикер æмæ УУМ-ы сæргълæууæг баххуыс кодтой бирæсывæллонджын бинонтæн

Ацы суммæмæ бацыдысты Фæцæфуæвæг адæмæн æххуыс кæныны фондæн рахицæнгонд материалон фæрæзтæ дæр.

Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадæй æхууыс чи райста, уыцы æмбæстæгты æхсæн ис фыццаг группæйы аст инвалиды (120 мин сомы), дыккаг группæйы фондз инвалиды (55 мин сомы); чысылæй фæстæмæ 17 инвалиды (185 мин сомы); 50 бирæсывæллонджын бинонтæ (555 мин сомы); фæмардуæвджыты 11 бинонтæ (110 000 сомы); 18 æххуысхъуаг бинонтæ (180 мин сомы); 10 сидзæры (110 000 сомы).

Дыууæ æмбæстаджы райстой иурæстæгон материалон æххуыс æнæниздзинады фæдыл (30 000 сомы). Зын уавæрты бахауæг бинонтæй хицауадмæ æххуысы фæдыл чи бахатыд, уыдонæн рахицæн кодтой 20 мин сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0