Уæрæсе æмæ Хуссар Иры президенттæ телефонон ныхасы бафидар кодтой æмгуыстады курс

© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууæ президенты телефонон ныхас ацыд дыццæджы, Бибылты Анатолий радзырдта, куыд ацыд хъæлæскæнынад Хуссар Ирыстоны

ЦХИНВАЛ, 20 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфæ кодта Уæрæсейы архайгæ президент Владимир Путинæн УФ-йы президентон æвзæрстыты фæуæлахизы фæдыл æмæ йæ æрхуыдта республикæмæ хæдбардзинад банымады юбилеймæ.

Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий Путины фæуæлахизы фæдыл: уый у сомбоны ныфс

Республикæйы сæргълæууæджы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй дыууæ президенты телефонон ныхас ацыд дыццæджы. Бибылты Анатолий радзырдта, куыд ацыд хъæлæскæнынад Хуссар Ирыстоны.

"Фæнды мæ зæгъын, Хуссар Ирыстоны цæрджыты 92, 8% кæй схъæлæс кодтой Дæуæн, афтæмæй та, амæй размæ президентон æвзæрстытимæ абаргæйæ, æвзарæн фадгуытæм æрбацыд 20% проценты фылдæр. Уый у ууыл дзурæг, æмæ Хуссар Ирыстоны адæм иууылдæр кæй сты Дæ фарсмæ æмæ Дæ сты бузныг. Хуссар Ирыстоны Дæ уæлахизыл къаддæр нæ цин кæнынц, Уæрæсеимæ абаргæйæ", — загъта Бибылты Анатолий.

Уый ма банысан кодта, ныфс кæй æвæры дыууæ бæстæты æхсæн æмгуыстады адарддæрыл.

"Ныфс æвæрын не ′мгуыстады адарддæрыл æмæ нæ ног фембæлдыл Демæ, Владимир Владимиры фырт. Бар мын ратт, ноджы ма Дæ иу хатт фæхонон, Уæрæсе РХИ-ы хæдбардзинад куы банымадта, уыцы датæйыл 10 азы сæххæсты боны цытæн бæрæгбонон мадзæлттæм", — загъта Бибылты Анатолий.

Фарсытæ бафидар кодтой курс дарддæры æнтыстджын æмгуыстадмæ æмæ Ӕмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырды фæлгæтты æмархайдмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0