Дон, рухс æмæ фæндæгтæ: цæмæй хъаст кодтой Захъхъоры цæрджытæ депутаттæн

© Пресс-служба парламента РЮОХуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ фæуазæг сты Ленингоры районы хъæутæм
Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ фæуазæг сты Ленингоры районы хъæутæм - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ фæуазæг сты Ленингоры районы хъæутæм, бынæттон цæрджытæ сын радзырдтой сæ проблемæтæ

ЦХИНВАЛ, 20 мар — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Захъхъоры хъæуы цæрджытæ радзырдтой парламенты депутаттæн электроифтонгад, æвзæр фæндæгтæ æмæ нуазыны доны хъуагдзинады проблемæты тыххæй.

Депутаттæ Цоциты Игорь æмæ Гæбæраты Таймураз бацыдысты Ленингоры районы Захъхъор, Монастер æмæ Цъинагары хъæутæм, фембæлдысты хъæуы цæрджытимæ æмæ сын базыдтой сæ проблемæтæ. Уый тыххæй хъусын кæны закондæттæн органы пресс-службæ.

"Хъæуы цæрджыты сæйраг проблемæтæй иу – электроифтонгады къуылымпытæ. Зæронд электрохæххытæ æвзæр боныгъæды свæййынц къуыхцыты аххосæг — рагон цæджындзтæ нæ фæразынц æвзæр боныгъæдтæ.

"Фехъустон, кæй æвæрынц сæрмагонд æвæрдтæ, кæцытæ фæразынц æвзæр боныгъæд, хорз уаид мах дæр ахæмтæ куый уаид", – загъта хъæуы администрацийы сæргълæууæг Чертхъоты Василий.

© Пресс-служба парламента РЮОХуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ фæуазæг сты Ленингоры районы хъæутæм
Депутаты Игорь Чочиев и Таймураз Габараев провели встречи с жителями ряда сел Ленингорского района - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ фæуазæг сты Ленингоры районы хъæутæм

Уый ма радзырдта, бирæ æзты ма хъæуы цæрджытæ кæй æййафынц доны хъуагдзинад дæр, бирæ ратæдзæнтæм æнæкæсгæйæ. Ацы проблемæимæ æмбæлынц æввахс хъæуты цæрджытæ дæр.

Хъаст ма кæнынц Захъхъоры цæрджытæ фæндæгты уавæрæй дæр. Æвзæр боныгъæды дон аласы фæндæгтæ æмæ районы кæцыдæр хъæутæм бацæуæн нал вæййы.

Нуазыны доны хъуагдзинад бынæттон скъолайы хæссы тæссагдзинад сывæллæтты цардæн, уымæн æмæ дойны суадзынæн уыдон бахъæуы цырынгонд змæлдимæ автофæндаджы сæрты хизын. Скъолайы директор Хуыгаты Рита бахатыд, цæмæй сын баххуыс кæной скъоламæ дон бауадзын.

© Пресс-служба парламента РЮОХуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ фæуазæг сты Ленингоры районы хъæутæм
Депутаты Игорь Чочиев и Таймураз Габараев провели встречи с жителями ряда сел Ленингорского района - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ фæуазæг сты Ленингоры районы хъæутæм

Куысты æвзæр уавæртæй ма рахъаст кодта бынæттон фельдшерон-акушерон пункты гæс Плиты Лариса. Уый загъта, пункты кæй нæй дон æмæ уавæртæ пациенттæ исынæн, ФАП-ы ис тынг рагон ифтонггæрзтæ æмæ нæй, басгæрсты рæстæджы пациентты кæм æрхуыссын кæной, ахæм бынат.

Депутаттæ радтой дзырд Захъхъоры цæрджыты проблемæтæ алыг кæнынæн баххуыс кæнын æмæ фарстытæ иууылдæр æрæвæрын æмбæлон службæты раз.

Ног хабӕртты лентӕ
0