Цхинвалы музыкалон скъолайы директор: нæй нын нæхи бæстыхай

© Sputnik / Наталья АйриянДиана Алборова
Диана Алборова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Sputnik пресс-центрмæ фæуазæг Битеты Павелы номыл цхинвайлаг музыкалон скъолайы директор Ӕлборты Диана. Уый радзырдта йæ хъомылгæнинæгты æнтысты тыххæй æмæ музыкалон ахуырады проблемæты тыххæй республикæйы

ЦХИНВАЛ, 22 мар — Sputnik. Битеты Павелы номыл музыкалон скъолайы æххæстбæр куысты хъыг дары сæрмагонд бæстыхайы хъуагдзинад æмæ зæронд дугивгъуыд инструменттæ, загъта брифингы рæстæджы Sputnik скъолайы директор Ӕлборты Диана. 

Скъола ис æвæрд паддзахадон телеуынынады цур. Ам ахуыр кæны 175 сывæллоны æмæ дзы ис авд хайады: фортепиано, эстрадон вокал, гуымсæг æмæ а. д.

"Ис нæм бирæ ахуыргæнинæгтæ æмæ нын нæй фадат уыдон иу бæстыхайы æрбынат кæнынæн, уымæ гæсгæ сæ иу хай цæуы №2 астæуккаг скъоламæ. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ мах цы бæстыхайы архайæм, уый мах нæу æмæ фыццаг уæладзыгыл хатæнтæ сты æхгæд. Фæлæ нын горæты администрацийы ныфс радтой фарст ацы майы онг аскъуыддзаг кæнын", — загъта Ӕлборты Диана.

Сывӕллӕтты музыкалон фестиваль Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы райдыдта сывӕллӕтты музыкалон фестиваль

Йæ куысты фыццаг бонæй музыкалон скъола рауагъта 800 рауагъдонæй фылдæр, кæцыты æхсæн сты республикæйы æмæ уымæн æддейæ культурæйы зындгонд архайджытæ. Ацы аз скъолайы бакодтой цæттæгæнæн хайад æмæ фыццаг хатт райстой хъомылгæнинæгты сабидæттæй.

"Иу сывæллон цæгъды скрипкæйыл, аннæ та фæндырыл. Цæуы сыл фæйнæ фондз азы, сæ ныййарджытæ сæ æрбакæнынц сабидонæй", — загъта музыкалон скъолайы директор.

Уый ма фехъусын кодта, майрæмбоны 23 марты музыкалон скъолайы бæстыхайы кæй ацæудзæн концерт Культурæйы кусæджы боны цытæн. Мадзалы хайад райсдзысты зындгонд музыканттæ æмæ скъолайы хъомылгæнинæгтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0