Цхинвалы цæрæджы æрцахстой тобæгонд "насвай"-имæ

© Sputnik / Алексей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæРабота сотрудников ГИБДД
Работа сотрудников ГИБДД - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрыгон цхинвайладжы æрцахстой паддзахадон автоинспекцийы стационарон посты цур Гуфтайы хъæуы

ЦХИНВАЛ, 29 мар — Sputnik. Хуссар Иры МХМ-ы криминалон милицийы кусджытæ æрцахстой Цхинвалы 23-аздзыд цæрæджы, кæцымæ басгæрсты рæстæджы ссардтой тобæгонд буарад "насвйа", хъусын кæны барадхъахъхъæнæг ведомствæйы пресс-службæ.

Экспертон-криминалистикон лаборатори - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Морфины" бын: Цæгат Иры цæрæджы æрцахстой хуссарирыстойнаг барадхъахъхъæнджытæ

МХМ-ы куыд банысан кодтой, афтæмæй æрыгон лæппуйы æрцахстой паддзахадон автоинспекцийы стационарон посты цур Гуфтайы хъæуы (Хуссар Ирыстоны Дзауы район).

"Ӕмбæстаджы хисæрмагонд басгæрсты рæстæджы ссардæуыд цыппар тыхтоны тар-цъæх буарадимæ, кæцы экспертизæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ у тобæгонд буарад "насвай", — дзырдæуы хъусинаджы.

Ӕууилгæ тамако "снюс", "насвай" æмæ æндæр ӕнгӕс буарадты æрбаласт, æлхæнын, уæй кæнын æмæ спайда кæныныл тобæ сæвæрыны фæдыл закон Хуссар Ирыстоны парламент райста 2016 азы марты.

Фæткхалджытæ фиддзысты ивар 20-150 мин сомы, кæнæ дыууæ мæйы æмгъуыдмæ баконд æрцæудзысты ахæстоны тобæгонд тамако парахат кæныны тыххæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0