Хуссар Иры кæмттæм здæхы хъæддагхуы

© Flickr.comДикий кабан с поросятами
Дикий кабан с поросятами - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зонкъары тобæгонд бынаты ауагътой хъæддагхуыты фыццаг къорд - 16 сæры, апрелы ма сæм бамбал уыдзæн ноджы

ЦХИНВАЛ, 30 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Зонкъары тобæгонд бынаты ауагътой 16 хъæддагхуыйы, уыдонæй 12 сты дзæргъытæ æмæ цыппар та нæлтæ, фехъусын кодта Sputnik æвæрд хъæды директор Бестауты Анатолий.

Хъорнисаг цуанон амардта ӕнахуыр стыр бирæгъ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъæддаг сырдты æрранизы ныхмæ Хуссар Иры ист цæуынц мадзæлттæ

Хъæддагхуыты мыггаг Хуссар Иры хъæдты фæстаг азæты скуынæг ис тугдзых цæрæгойтæ æмæ цуанонты аххосæй.

Бестауты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, фыццаг хъæддагхуытæ Зонкъары хъæды æрфысым кодтой 20 боны размæ, ныр та цæуынц дыккаг парти æрласынмæ.

"Хъæддахуытæ фæцайдагъ сты, ссардтой æдас æмæ холлагджын бынæттæ, афонмæ цот ауагътой. Ныр ма хъуамæ æрласæм ноджы дæс дзæргъы. Астæуккаг нымадмæ гæсгæ, иу сæр дæтты цæуæт фондз хъыбылы. Иу азмæ сæ нымæц сæдæйæ хъуамæ ахиза", — загъта директор Бестауты Анатолий.

Уый ма банысан кодта, Стыр Леуахийы рахизфарс хъæдтæ æмæ быдыртæ иууылдæр сты хъæддагхуыйæн хорз цæрæн бынат.

"Ацы бынæтты сæрибарæй цæрдзæн 2 мин хъæддагхуыйы бæрц. Сæрды гæнæн ис æмæ хизой къуыдаргомы ʻрдæм дæр", — бафтыдта Бестауты Анатолий.

Æвзæр аз кæд скæна, уæд лæппын фосмæ нæ хъус æрдардзыстæм æмæ сын æвæрдзыстæм хæрд

 

Ног хабӕртты лентӕ
0