Хуссар Иры Куадзӕны тыххӕй расидтысты "дӕргъвӕтин улӕфтытӕ"

© Sputnik / Алексей КовалевХицауад
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Улӕфт боныл нымад ӕрцыд къуырисӕр, 9 апрелы

ЦХИНВАЛ, 3 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий расидт къуырисӕр, 9 апрель улӕфт бонӕй, хъусын кӕны бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

"Хуссар Ирыстоны территорийыл Куадзӕны бӕрӕгбон нысан кӕныны фӕдыл 2018 азы 9 апрель расидт ӕрцӕуӕд улӕфт боныл", — дзырдӕуы Бибылты Анатолийы барамынды.

Уый адыл, Хуссар Ирыстоны уыдзӕн "дӕргъвӕтин улӕфт бонтӕ": республикӕйы цӕрджытӕ улӕфдзысты сабат, хуыцаубон ӕмӕ къуырисӕры (7,8 ӕмӕ 9 апрелы).

Ног хабӕртты лентӕ
0