Бибылты Анатолий сарæзта Хуссар Иры тыхон структурæты иудадзыг архайгæ æмбырд

© Sputnik / Алексей Ковалевправительство
правительство - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Координацион рабадт архайдзæн республикæйы генпрокуроры къухдариуæгады бын

ЦХИНВАЛ, 6 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны арæзт æрцыд фыдракæндты ныхмæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты иудадзыг архайгæ координацион рабадт. Йæ саразыны фæдыл указ бафыста Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

Уыцы указæй ма Бибылты Анатолий сфидар кодта координацион рабадты хайадисджыты сконд, йæ сæргълæууæг уыдзæн республикæйы генералон прокурор. Афтæ ма йе сконды сты Ӕдасдзинады советы секретарь æмæ барадхъахъхъæнæг органты, уый нымæцы МХМ, ПӔК, Юстицийы министрады, Паддзахадон хъахъхъæнынады, таможнæйы къухдариуæггæнджытæ иууылдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0