Sputnik ӕмӕ фонд "Лӕвар базыртӕ" бадзырдтой ӕмгуыстадыл

© Sputnik / Наталья АйриянSputnik ӕмӕ фонд "Лӕвар базыртӕ" бадзырдтой ӕмгуыстадыл
Sputnik ӕмӕ фонд Лӕвар базыртӕ бадзырдтой ӕмгуыстадыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕрзаудӕн фонд "Лӕвар базыртӕ" ӕмӕ Sputnik-ы ӕмгуыстад ног ӕмвӕзадмӕ рахызт меморандум бафыссыны руаджы

ЦХИНВАЛ, 11 апр — Sputnik пресс-службӕ. Ӕхсӕнадӕмон информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik Хуссар Ирыстон бафыста ӕбгуыстады фӕдыл меморандум сывӕллӕтты хӕрзаудӕн фонд "Лӕвар базыртӕ"-имӕ.

Бадзырд бафыссыны цытджын церемони ацыд Sputnik Хуссар Ирыстоны пресс-центры Цхинвалы. Уый йӕ разы ӕвӕры хӕс рӕстӕгыл хъусын кӕнын цӕрджытӕн Хуссар Ирыстоны социалон ӕмӕ ӕхсӕнадон инициативӕты, афтӕ ма хӕрзаудӕн мадзӕлтты тыххӕй. Фонд "Лӕвар базыртӕ" та оперативонӕй хъусын кӕндзӕн агентадӕн йӕ мадзӕлтты тыххӕй.

"Мах стыр аргъ кӕнӕм ӕмбаладон ахастытӕн фондимӕ. Агентады коллективӕн ахсджиаг у ӕмбарын, сӕ куыст кӕнгӕйӕ уыдонӕн кӕй ис фадат ӕххуыс кӕнын чысыл сабитӕн. Меморандумӕй мах бафидар кодтам нӕ хӕларадон бастдзинӕдтӕ", — загъта Sputnik Хуссар Ирыстоны къухдариуӕггӕнӕг Виталий Раднаев.

Фонды сӕргълӕууӕг Цхуырбаты Татяна дӕр банысан кодта, "Лӕвар базыртӕ" кӕй ӕмгуыстад кӕны Sputnik-имӕ фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ, "фӕлӕ ныр меморандумы бафыстӕй мах ракодтам нӕ ахастытӕ бӕрзонддӕр ӕмвӕзадмӕ".

Sputnik (sputniknews.com) — ног хабӕртты агентад ӕмӕ радио мультимедион информацион хабтимӕ дӕсгай бӕстӕты. Sputnik-ы сконды сты 30 сайтӕй фылдӕр, аналогон ӕмӕ цифрон радиофидиуӕн, мобилон ӕмхасӕнтимӕ ӕмӕ социалон хызӕгты фӕрстимӕ. Рафысджытӕн ног хабӕртты лентӕтӕ ӕнӕхъӕн суткӕйы дӕргъы цӕуынц англисаг, арабаг, испайнаг ӕмӕ китайаг ӕвзӕгтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0