Расыг шофыр нал сырæхст машинæ скъæрын æмæ фæфæлдæхт

© Sputnik / Наталья АйриянМХМ
МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууæ адæймаджы цæфтимæ фæхæццæ кодтой рынчындонмæ ФТЦ-ы фæстæ

ЦХИНВАЛ, 12 апр — Sputnik. Дзауы районы Църуйы хъæуы цæрæг нал сырæхст машинæ скъæрын æмæ фæфæлдæхт Ручъы туннелмæ æввахс, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны МХМ-ы пресс-службæ.

ФТЦ æрцыд æртыццæджы 21:30 сахатмæ æввахс автотрассæйы æртыккаг километрыл Ручъы туннелы хуссайраг порталы.

"Дзауы районы Църуйы хъæуы 33-аздзыд цæрæг автомашинæ ВАЗ-2106-йыл нал сырæхст скъæрын æмæ фæфæлдæхт. Цауы бынатмæ ацыд Дзауы районы мидхъуыддæгты управленийы змæлгæ къорд. Дыууæ бæлццон чызджы фæхæццæ кодтой Цхинвалы, республикон рынчыдонмæ цæфтимæ", — банысан кодтой пресс-службæйы.

Медицинон басгæрсты фæстæ разынд, шофыр кæй уыд нозтджын.

Факты фæдыл равзæрст уадзы Дзауы районы мидхъуыддæгты управленийы фæндагон змæлды æдасдзинады фæдыл паддзахадон автоинспекцийы хайад.

Ног хабӕртты лентӕ
0