Парламенты спикер наркодилерты тыххæй: уыдон баддзысты ахæстоны

© Sputnik / Валерий Мельников /  Ахизын медиабанкмæСлестгæнæн изолятор
Слестгæнæн изолятор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны парламент нывæнды фæкарздæр кæнын наркотиктæ уæй кæныны тыххæй æфхæрд

ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ æввахсдæр рабадтыл æркæсдзысты наркотикты æрбаласт, реализаци æмæ пайда кæныны фæдыл законмæ барастгæнинæгтæм, загъта пресс-конференцийы рæстæджы закорганы спикер Гасситы Петр.

Анатолий Бибилов с семьей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Спикер радзырдта президенты хæдзæртты тыххæй

Ивгъуыд азы июлы мӕйы республиӕйы парламент райста закон, кӕцы тобӕ сӕвӕрдта препарат "Лирика" æмæ йæ аналогты ӕнӕзаконон ӕрбаласт, реализаци ӕмӕ пайдакӕнынадыл.

Законæн æддейæ аззадысты ахæм препараттæ, куыд "снюс", "насвай" æмæ æндæртæ. Фæткхалджыты ныхмæ ивары бæрц у минимум 20 мин сомы, фæлæ уый нæ уромы наркотиктæ уæйгæнджыты æмæ арæхдæр ахст æрцæуынц фæстæмæ уыцы адæм.

"Бирæтæ сты ацы законы ныхмæ, зæгъгæ, кæцыдæр препаратты сконды цы активон буарад — "Прегабалин" ис, уый нæу наркотикон. Законмæ барастгæнинæгтæ райст æрцæудзысты дыццæджы, æмæ ныр наркотиктæ уæй кæныны тыххæй уыдоныл æвæрд цæудзæн уголовон бæрн", — загъта Гасситы Петр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ барадхъахъхъæнæн органтæн ницы сæ бон у реализаторты ныхмæ, "кæцыты хорз уаид бынаты фехсын".

Петр Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парламенты спикер: Хуссар Иры хъæуы ног Конституци

"Уыдонæн рафыссынц ивартæ, бафидынц сæ æмæ та дарддæр кæнынц сæ хъуыддаг. Нырæй фæстæмæ уыдзæн æндæрхуызон – ныр уыдон баддзысты ахæстоны", — бахахх кодта спикер.

Уый бахахх кодта, ацы препараттæ адæймаджы ӕнӕниздзинадӕн кæй хӕссынц стыр зиан.

"Уыдон стыр зиан хæссынц фæсивæды æнæниздзинадæн. Мæ хъуыды афтæ у æмæ наркотиктæ чи уæй кæны, уыдон сты адæмы знæгтæ æмæ сын хъæуы аразын, адæмы знæгтæн иу цы арæзтой, уый", — загъта спикер.

Гасситы Петр равдыста ныфс, законмæ барастгæнинæгтæ райст кæй æрцæудзысты æмæ алы парти дæр сæ хорзыл кæй банымайдзæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0