Тедеты Улифаны бавæрдзысты æфсæддон цытимæ

© FacebookУлифан Тедеев
Улифан Тедеев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Легендарон æфсæддон фæтæджы зиан бавæрыны бæрн йæхимæ райста хъхъхъæнынады министрады сæрмагонд къамис

ЦХИНВАЛ, 17 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны йе ʻнусон бынатмæ фæндараст кæнынц хъахъхъæнынады структурæйы бындурæвæрджытæй иуы — инæлар-майор Тедеты Улифаны. Зиан бавæрын йæ бæрны бакодта Хъахъхъæнынады министрад, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.

Нысан æрцыд, хъахъхъæнынады министры х.æ. барамындæй арæзт кæй æрцыд сæрмагонд къамис, кæцы йæхимæ райсдзæн зиан бавæрыны хъуыддаг.

"Тедеты Улифаны зиан бавæрыны хæрдзтæ иууылдæр йæхимæ райста хъахъхъæнынады министрад. Инæлары бавæрдзысты æфсæддон кадимæ министрады цытжын хъарагъулы хайадистæй", — дзырдæуы хъусинаджы.

Хуссар Ирыстоны президент раарфæ кодта юбилярæн цытджын датæйы фæдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент раарфæ кодта инæлар-майор Тедеты Улифанæн 80 азы юбилейы цытæн

Хуссар Ирыстоны дæргъвæтин рынчыны фæстæ йæ цардæй ахицæн инæлар-лейтенант, орден "Уацамонгæ"-йы кавалер – Тедеты Улифан.

Тедеты Улифан иста активон хайад ивгъуыд æнусы 90-æм æзты гуырдзиаг агрессийы ныхмæ тохты. Уый разамынд лæвæрдта хибахъахъхъæды штабæн, фæстæдæр ссис хъахъхъæнынады министрады штабы сæргълæууæг.

Тедеты Улифан 32 азы службæ кодта ССРЦ-ы Гарзджын тыхты, иста хорзæхтæ. Уыдонæй иу – "Ӕфсæддон сгуыхтты тыххæй" майдан, кæцы фидар æрцыд ССРЦ-ы Уæлдæр Советы Президиумы барамындæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0