Интеллектуалон тох: Цхинвалы фæбæрæг сты "Зонды къуыбæрттæ"

© Sputnik / Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны къам "Зонды къуыбар"-ы уæлахиздзаутæ
Зонды къуыбар-ы уæлахиздзаутæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъазт рабæрæг кодта хицæн номинациты цыппар уæлахиздзауы - Цхуырбаты Димитрий, Багаты Дауыт, Тедеты Олеся æмæ Хуыгаты Аманда равдыстой иттæг хорз бæрæггæнæнтæ

ЦХИНВАЛ, 26 апр — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы фæбæрæг сты интеллектуалон хъазт "Зонды къуыбар"-ы уæлахиздзаутæ. Йæ хатдзæгтæм гæсгæ, иууыл цæттæдæр 25 скъоладзауы бацыдысты Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны "Чысыл академи"-йы скондмæ, фехъусын кодтой уагдоны.

Развæлгъау халæппæрсты руаджы 25 финалисты дих æрцыдысты цыппар категорийыл: ирон æвзаг, ирон литературæ, Ирыстоны истори, ирон традицитæ æмæ æгъдæуттæ. Финалон хъазт рабæрæг кодта "зонды къуыбæртты" хицæн номинациты.

"Ирон æвзагæй иттæг хорз зонындзинæдтæ равдыста Цхуырбаты Димитрий (11-æм скъола), Багаты Дауыт расгуыхт ирон литературæйæ (Аивæдты лицей), Тедеты Олеся (Аивæдты лицей) ссис Ирыстоны истори номинацийы уæлахиздзау, ирон традицитæ æмæ æгъдæуттæ та иууыл хуыздæр зыдта Гимнази "Альбион"-ы ахуырдзау Хуыгаты Аманда", — дзырдæуы хъусинаджы.

"Зонды къуыбар" рафӕлгъаудзӕн иууыл цӕттӕдӕр скъоладзауты

2017 — 2018 ахуыры азы интеллектуалон хъазт "Зонды къуыбар" æрæмбырд кодта 135 ахуырдзауы республикæйы скъолатæй. Хъазтмæ æрхуыдтой уазджыты — профессор Битарты Зоя, ахуырады министрады минæвар Джиоты Эльза, Зонад-иртасæн институты кусæг Тъехты Алена, стæй ма ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты.

Æппæт финалисттæ дæр хорзæхджын æрцыдысты сертификаттæ, чингуытæ æмæ "Зонды къуыбар"-ы статуэткæтæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0