Хъотайты Мария Уӕлахизмӕ ирӕтты хайбавӕрды тыххӕй: рохгӕнӕн сын нӕй

© Sputnik / Наталья АйриянХъотайты Мария
Хъотайты Мария - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Информаци ӕмӕ мыхуыры паддзахадон комитеты сӕргълӕууӕг Хъотайты Мария йӕ радон брифингы радзырдта Стыр Уӕлахизы бонӕн нывонд мадзӕлтты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 3 май — Sputnik. Хуссар Иры 9 майы уагъд ӕрцӕудзӕн масштабон ӕфсӕддон парад, цы ран фыццаг хатт хайад райсдзысты дыууӕ парадон къорды Донецкаг Адӕмон республикӕйӕ, радзырдта Sputnik йӕ брифингы информаци ӕмӕ мыхуыры паддзахадон комитеты сӕргълӕууӕг Хъотайты Мария.

Парад победы в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры гарзджын тыхтæ æрæвнæлдтой Уæлахизы парадмæ цæттæ кæнынмæ

Хъотайты Марияйы радон брифинг нывонд уыдис фӕсивӕды патриотикон хъомылады ӕмӕ Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты фыдӕлты сгуыхтдзинад рӕзгӕ фӕлтӕры зӕрдӕты бавӕрыны проблемӕйӕн. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ног фӕлтӕр нӕ зоны, куыд зынӕй бафтыдис советон ӕмӕ, сӕйраджыдӕр, ирон адӕмы къухты уӕлахиз историйы ӕппӕты тугкалӕндӕр хӕсты.

"Рӕзгӕ фӕлтӕр цъус зоны нӕ ветеранты сгуыхтдзинӕдты тыххӕй. Фӕлӕ ирӕтты хайбавӕрд ацы уӕлахизмӕ у цӕстуынгӕ: 110 мин ироны ацыдысты хӕстмӕ сӕ фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнынмӕ, уыдонӕй 11 мин фӕхъуыдысты хӕсты быдырты", — загъта Хъотайты Мария.

Комитеты сӕргълӕууӕг фехъусын кодта, 29 майы Хуссар Ирыстоны журналисттӕ кӕй ацӕудзысты Балтайы хъӕумӕ, цӕмӕй фембӕлой республикӕйы фӕстаг ветерантӕй сӕ иуимӕ.

"Дзургӕ дӕр ма тыххӕйты кӕны, фӕлӕ мах хъуамӕ фенын кӕнӕм, кӕй йын цыт кӕнӕм ӕмӕ йӕ кӕй нӕ рох кӕнӕм", — банысан кодта Хъотайты Мария.

Ног хабӕртты лентӕ
0