Ирон боксер Ӕлборты Игорæн стæрхон кодтой 9 азы ахæст

© Платформа для социальной журналистики "Конт"Чемпиона по боксу Игоря Алборова осудили за кровную месть
Чемпиона по боксу Игоря Алборова осудили за кровную месть - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуынд тæрхоны лæгты рабадты Ӕлборты Игорæн аскъуыддзаг кодтой 9 азы ахæст, уымæ æнæкæсгæйæ йæ адвокат фæнд кæны хъаст баххæсын уæлдæр инстанцимæ

ЦХИНВАЛ, 4 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Боксæй Европӕйы дыууӕ хатты чемпион Ӕлборты Игорæн Хъӕрӕсе-Черкесы Уæлдæр тæрхондон суынаффæ кодта 9 азы ахæстоны фæбадын. Экс-чемпионы хъысмæт, кæцы азым цыд тугисыны тыххæй амарыны хъуыддаджы, скъуыддзаг кодтой хуынд тæрхоны лæгтæ, хъусын кæны ПТРК "Алания".

Работа вневедомственной охраны московской полиции - Sputnik Хуссар Ирыстон
Боксер Ӕлборты Игоры ӕрцахстой дывӕр лӕгмарды гуырысхойы фӕдыл

Дыууæ æфсымæры – Ӕлборты Алан æмæ Игорь азым цыдысты УК 105 статьямæ гæсгæ (Иу кæнæ фылдæр адæймаджы амарын). Тæрхондон сбæлвырд кодта, уыдон кæй амардтой Гойаты фыд æмæ фырты тугисыны мотивмæ гæсгæ.

Ӕфсымæртæ нымадтой, Гойаты Александры хæслæвæрдмæ гæсгæ 2006 азы мард кæй æрцыд Игоры фыд, Хуссар Ирыстоны Ӕдасдзинады советы нымæрдар Ӕлборты Олег.

"Тæрхоны лæгтæ суынаффæ кодтой Игорæн иууыл къаддæр æмгъуыдæй æрмæстдæр иу аз фылдæр. Прокурор домдта Игорæн стæрхон кæнын 11 азы ахæстоны фæбадын. Фæлæ уынаффæ разынд фæлмæндæр, æрæджы Игорæн райгуырд сывæллон, æмæ, чизоны, уый дæр бандæвта тæрхоны лæгты скъуыддзагыл", — хъусын кæны ПТРК æфсымæрты адвокат Айларты Станиславы ныхæстæ.

Фæлмæн тæрхонмæ æнæкæсгæйæ, адвокат скъуыддзагыл разы нæу æмæ йыл хъавы бахъаст кæнынмæ. Ӕлборты Алан, кæцы цыд ацы уголовон хъуыддагмæ гæсгæ, сæрибар æрцыд.

Ӕндæраз ноябры баконд ӕрцыд уголовон хъуыддаг фыд ӕмӕ фырты амарыны факты фӕдыл. 30-аздзыд Гояты Аланы мард буар ссардтой Хъӕрӕсе-Черкесы асинтыл бирӕнымӕц цӕфтимӕ, йӕ 70-аздзыд фыд Александры буар та ссардтой фатеры, уый дӕр бирӕнымӕц цӕфтимӕ. Хъӕрӕсе-Черкесы Слестгӕнӕн комитеты слестгӕнӕн управленийы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕрфарсты рӕстӕджы Ӕлборты Игорь басаст, Гояты кӕй амардта йӕ фыды лӕгмарды маст сисыны тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0