Бибылты Анатолий: Хуссар Иры стыр аргъ кӕнынц Владимир Путины ӕххуысӕн

© Sputnik / Александр Астафьев /  Ахизын медиабанкмæУФ президент Владимир Путин
УФ президент Владимир Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мӕскуыйы уагъд ӕрцыдис президент Владимир Путины бахызты церемони йӕ хӕсадмӕ, уый фӕдыл Уӕрӕсейы сӕргълӕууӕгӕн раарфӕ кодта Бибылты Анатолий

ЦХИНВАЛ, 7 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Владимир Путинӕн Уӕрӕсейы президенты хӕсадмӕ официалон бахызты фӕдыл.

Къуырисӕры Кремлы уагъд ӕрцыдис Уӕрӕсейы президент Владимир Путины инаугураци. Уӕрӕсейы сӕргълӕууӕг цыппӕрӕм хатт бахызт йӕ хӕсадмӕ, паддзахадӕн къухдариуӕг кӕндзӕн ноджы ӕхсӕз азы дӕргъы.

"Марты ӕвзӕрстыты фӕстиуджытӕ равдыстой ӕхсӕнады банымад дӕ сгуыхтдзинӕдтӕн ӕппӕт Уӕрӕсейы паддзахадон ситемӕ сфидар кӕныны хъуыддаджы, уавӕртӕ саразыны, цӕмӕй экономикӕйӕн уа стабилон рӕз ӕмӕ ӕхсӕнад та консолидаци кӕна", — хъусын кӕны арфӕйы тел.

Бибылты Анатолий банысан кодта, Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кӕй кӕнынц Владимир Путины хъусдардӕн дыууӕварсон ахастытӕм, кӕцытӕ бындур ӕвӕрынц историкон ориентирты иудзинадыл ӕмӕ цӕдисон фӕтктыл.

Афтӕ ма Бибылты Анатолийы цӕст бауарзта Уӕрӕсейы президентӕн фидар ӕнӕниздзинад, ног ӕнтыстытӕ ӕмӕ йӕ нывӕзтты реализаци, кӕцытӕ арӕзт цӕуынц Уӕрӕсейы дидин калыны сӕраппонд.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0