Милицийы радзырдтой, кӕцы уынгтӕ сӕхгӕндзысты Цхинвалы 9 Майы

Рафыссын
Уагдоны фехъусын кодтой, кӕцы фӕндӕгтӕ ӕрцӕудзысты ӕхгӕд республикӕйы столицӕйы Уӕлахизы бон нысан кӕныны рӕстӕджы

ЦХИНВАЛ, 8 май — Sputnik. Стыр Уӕлахизыл 73-азы сӕххӕсты бон нысан кӕныны тыххӕй Хуссар Ирыстоны столицӕйы сӕхгӕндзысты цалдӕр уынджы, фехъусын кодта республикӕйы мидхъуыдтӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Уӕлахизы парады бӕстон репетици - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ацыд Уӕлахизы парады бӕстон репетици

Уагдоны радзырдтой, 9 майы ӕфсӕддон парад ауадзыны тыххӕй кӕй сӕхгӕндзысты Таболты Сергейы уынджы алвӕндаг Сталины уынг ӕмӕ Джиоты Аланы проспектимӕ, афтӕ ма Харебаты Исахъ ӕмӕ Плиты Иссӕйы уынгты алвӕндаг дӕр. Транспортон змӕлдӕн ма ноджы сӕхгӕндзысты Сталины уынджы хӕйттӕ Мӕскуыйы уынгӕй Пушкины ӕмӕ Советон уынгтӕм, афтӕ ма Пушкины уынг дӕр Джиоты Аланы проспектӕй Сталины уынгмӕ. Фидауынгӕнджыты ӕмӕ Октябры, Советон ӕмӕ Сталины уынгты алвӕндӕгтӕ дӕр ӕрцӕудзысты ӕхгӕд, цалынмӕ цӕттӕ кӕной ӕмӕ уадзой ӕфсӕддон парад.

Акци "Ӕнӕмӕлгӕ полк" ауадзыны тыххӕй дӕр сӕхгӕндзысты Харебаты Исахъхъы уынг, банысан кодтой уагдоны.

Бӕрӕгбонон концерт уадзыны тыххӕй 9 майы сӕхгӕндзысты Театралон фӕзуаты сыхаг уынгтӕ дӕр, сӕйраджыдӕр Хетӕгкаты Къоста ӕмӕ Тугъанты Махарбеджы уынгты алвӕндаг. Ацы хай ма ӕхгӕд ӕрцӕудзӕнис 8 майы 17 сахатӕй концерт "Ӕрттив ӕнусты, Стыр Уӕлахиз"-ы тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0