Милицийы радзырдтой, куыд ацыд Уæлахизы бæрæгбон Хуссар Иры

© Sputnik / Наталья АйриянУæлахизы бæрæгбон Хуссар Иры
Уæлахизы бæрæгбон Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бæрæгбонон мадзæлтты рæстæджы МХМ хисæрмагонд сконд хаста службæ фæтыхджындæргонд режимы

ЦХИНВАЛ, 10 май — Sputnik. Стыр Уæлахизы бæрæгбон Хуссар Ирыстоны ацыд æнæ фæткхалды цаутæй, хъусын кæны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.

Парад Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Милицийы радзырдтой, кӕцы уынгтӕ сӕхгӕндзысты Цхинвалы 9 Майы

Республикæйы 9 майы ацыд бæрæгбонон мадзæлттæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизыл 73 азы сæххæсты цытæн.

"Мидхъуыддæгты министрады хайады хисæрмагонд сконд куыста æхсæнадон сабырад æмæ адæмы æдасдзинад бахъахъхъæныныл. Бæрæгбонон мадзæлттæ цы бынæтты цыдысты æмæ сæ алыварс территоритæ сæрмагонд техникон æрмæгæй басгæрстой МСНК инженерон-техникон къордтæ æмæ кусæгон куыйтæ", — загътой МХМ.

Уагдоны банысан кодтой, нывæзты æппæт мадзæлттæ дæр кæй ацыдысты сабыр уавæры, æнæ фæткхалдæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0