Хуссар Иры президент ӕрцыдис Луганскмӕ

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры президент ӕрцыдис Луганскмӕ
Хуссар Иры президент ӕрцыдис Луганскмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сӕргълӕууӕг ӕмӕ хуссарирыстойнаг делигацийы уӕнгтӕ сты Луганскы адӕмон республикӕйы (ЛАР) иубонон визитимӕ

ЦХИНВАЛ, 10 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны делегаци президент Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй ӕрцыдысты Луганскы адӕмон республикӕмӕ. Луганскы Бибылты Анатолий фембӕлд ЛАРы сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Леонид Пасечникимӕ, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны президенты пресс-службӕ.

Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Пасечникӕн Республикӕйы боны цытӕн, кӕцы уыдзӕнис ЛАРы 12 майы.

Луганскы парламенты спикер йæхимæ райста Хуссар Иры делегацийы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Луганскы парламенты спикер йæхимæ райста Хуссар Иры делегацийы

"Ахастытӕй, кӕцытӕ райтынг сты нӕ дыууӕ республикӕты хсӕн, зӕрдӕ райы. Ды тынг хорз зоныс, мах дӕр кӕй рацыдыстӕм ахӕм зын фӕндагыл, кӕцыйыл ныр цӕуынц Луганскы ӕмӕ Донецкы адӕмон республикӕты цӕрджытӕ. Фӕлӕ ӕз алыхатт дӕр бахахх кӕнын, кӕд ӕмӕ адӕм равзӕрстой сӕ фӕндаг, уӕд гӕнӕн ис фидарӕй зӕгъын, ӕмӕ сӕ нысӕнттӕ ӕмӕ хӕслӕвӕрттӕ сӕххӕст уыдзысты. Мах та алыхатт дӕр лӕудзыстӕм уӕ фарсмӕ, алыхатт дӕр уыдзыстӕм цӕттӕ баххуыс кӕнынмӕ. Мӕн уырны, ӕввахс рӕстӕджы кӕй ӕрфысдзыстӕм паддзахадон бадзырд, цӕмӕй нын уа барон бындур нӕ дарддӕры ахастытӕн", — загъта президент.

Леонид Пасечник дӕр фидарӕй загъта, дыууӕ республикӕйы ӕхсӕн ахастыты райтынг хорзӕрдӕм кӕй бандавдзӕн дыууӕ адӕмыл дӕр.

"Мах хъуамӕ ӕнгомдӕр бацӕуӕм ӕхсӕнадӕмон ӕмӕ хӕларадон ахастыты. Ӕмӕ цас тагъддӕр баиу кӕнӕм нӕ тыхтӕ, афтӕ тагъддӕр фӕуыдзысты ӕфсӕддон конфликттӕ. Мӕн уырны, ӕмӕ ацы визит ӕмӕ ӕнтысджын бастдзинад кӕй суыдзысты нӕ ахастыты бындур, сӕйраджыдӕр, экономикон къабазы", — банысан кодта Пасечник.

Уый ма ноджы загъта бузныджы ныхӕстӕ Хуссар Ирыстоны разамынад ӕмӕ адӕмӕн ЛАРы хӕдбардзинад банымайыны тыххӕй.

Хуссар Ирыстоны делегации ис Луганскы иубонон визитимӕ. Делегацийы сконды ис РХИ парламенты ӕддагон бастдзинӕдты комитеты сӕргълӕууӕг Коцты Игорь, депутат Плиты Александр ӕмӕ президенты уынаффӕгӕнӕг Гӕззаты Давид.

Ног хабӕртты лентӕ
0