Дохтыр Хасан Баиев фӕхуыдта басгӕрстмӕ пациентты Хуссар Ирӕй

© InstagramХасан Баиев
Хасан Баиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзӕуджыхъӕуы ӕнӕаргъ басгӕрст ӕмӕ консультацитӕ ауадздзӕн дунейон номимӕ пластикон хирургы специалистты командӕ

ЦХИНВАЛ, 11 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕфсӕрон-цӕсгомон хъӕндзинӕдтӕ ("заячья губа" ӕмӕ "волчья пасть") ӕмӕ буары сыгъдты фӕстӕ деформацитимӕ сывӕллӕтты фӕхуыдтой Дзӕуджыхъӕумӕ консультацимӕ, цы ран 20-25 майы уагъд цӕудзӕн масштабон хӕрзаудӕн акци "Операци Мидбылхудт", хъусын кӕны РХИ президенты ӕмӕ хицауады пресс-службӕ.

Уагдоны банысан кодтой, ӕнӕаргъ басгӕрст ӕмӕ консультацитӕ кӕй уадздзӕнис дунейон номимӕ пластикон хируг Хасан Баиевы специалистты командӕ.

"Номдзыд хирург консультацитӕм фӕхуыдта чысыл пациентты Хуссар Ирыстонӕй. Нӕ республикӕимӕ йӕ бӕтты йӕ рагон хӕлардзинад хуссарирыстойнаг ӕмкусджытимӕ ӕмӕ ӕмгуыстад республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадимӕ. Хуссар Ирыстоны сывӕллӕттӕ ныридӕгӕн уыдысты операцимӕ Хасан Баиевмӕ Грозныйы. Ныр та сывӕллӕттӕн сӕ бон уыдзӕн райсын квалификацион ӕххуысс Дзӕуджыхъӕуы", — банысан кодтой хицауады пресс-службӕйы.

Ӕххуыс кӕй хъӕуы, уыдонӕн консультацитӕ уагъд цӕудзысты Дзӕуджыхъӕуы, Республикон сывӕллӕтты клиникон рынчындоны консультивон поликлиникӕйы.

Хӕрзаудӕн организаци "Операци Мидбылхудт" уӕвы Уӕрӕсейы 1995 азӕй фӕстӕмӕ. Йӕ куысты нысан у фӕхуыздӕр кӕнын сывӕллӕтты цард, кӕцытӕ райгуырдысты ӕфсӕрон-цӕсгомон патологитимӕ. Уӕлдай хъусдард здӕхт цӕуы сывӕллӕтӕм, кӕцытӕ сты дӕрддзӕф цӕрӕн пункттӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0