Афишæ: Ирон æвзаджы бон, Фыдохы бон æмæ ахæсгæ аргъау

© Sputnik / Ада БагианЗары трагеди
Зары трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахӕм культурон, æхсæнадон æмæ мысæн мадзӕлттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕм къуырийы дӕргъы

Ирон æвзаджы бон

14 май, 13:00 – Ирон æвзаджы боны цытæн мадзал. Цхинвал, Республикон библиотекæ.

15 май, 15:00 – Ахуырады министрады ирон æвзаджы райрæзты ног нывæзты фæдыл тымбыл фынг. Цхинвал, Республикон библиотекæ.

16 май, 15:00 – Ирон æвзаджы боны цытæн фестиваль "Ирон зарæг". Цхинвал, Ӕлборты Феликсы номыл музыкалон ахуыргæнæндон.

Зары трагедийы мысæн бон

20 май, 12:00 – 26 азы размæ Зары фæндагыл æрцæугæ бæллæхы фæдыл фыдохы мадзæлттæ. Автотрассæ Цхинвал-Зар. "Хъынцымгæнæг мады цырты" цур.

Культурæ

Театр

Аргъау

15 май, 13:00 – Аргъау "Бирæгъ æмæ тæрхъустæ". Знауыры район, поселок Знауыр.

18 май, 13:00 – Аргъау "Бирæгъ æмæ тæрхъустæ". Цхинвалы район, Дменисы хъæу.

19 май, 13:00 – Аргъау "Бирæгъ æмæ тæрхъустæ". Дзауы район, поселок Дзау.

Спектакль

16 май, 18:00 – Драмæ "Антигона". Цхинвал, Профцæдисты бæстыхай.

Ног хабӕртты лентӕ
0