Цхинвайлаг скъоладзаутæ хайад райсдзысты Ирон æвзаджы боны Дзæуджыхъæуы

© Sputnik / Наталья АйриянКъоста
Къоста - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг фæсивæд бавдисдзæн кафт "Хонгæ", афтæ ма скъоладзаутæ радзурдзысты сæ уарзон æмдзæвгæтæ

ЦХИНВАЛ, 14 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны ахуырдзауты иу къорд хайад райсдзæн Ирон æвзаджы боны цытæн мадзæлтты Цæгат Ирыстоны, фехъусын кодтой Sputnik Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты пресс-службæйы.

"Цхинвалы 6-æм скъолайы ахуырдзаутæ райсдзысты хайад Ирон æвзаджы бонæн нывонд мадзæлтты. Скъоладзаутæ сæххæст кæндзысты ирон кафт "Хонгæ" æмæ бакæсдзысты ирон литературæйæ сæ уарзон æмдзæвгæтæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Скъоладзауты акæндзысты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дыгъуызты Лиана æмæ хореограф Асаты Николай.

Балц организацигонд цæуы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты хæрдзтæй.

Ирон æвзаджы бон Ирыстоны хуссары æмæ цæгаты дæр нысан кæнынц 15 майы.

Ног хабӕртты лентӕ
0