Хуссар Иры нысан кæнынц ирон æвзаджы бæрæгбон

© Sputnik / Ада БагианАбайты Уасойы цырт Цхинвалы
Абайты Уасойы цырт Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы ахуырадон æмæ культурон уагдæттæ бæрæгбонмæ æрæмных кодтой фестиваль æмæ тымбыл фынг

ЦХИНВАЛ, 15 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Ирыстоны хуссар æмæ цæгаттаг хæйтты дыццæджы, 15 майы нысан кæнынц Ирон æвзаджы бон. Мадæлон æвзаджы бæрæгбоны цытæн Цхинвалы уагъд æрцæудзысты музыкалон фестиваль æмæ литературон-музыкалон изæр, театры труппæ та равдисдзысты республикæйы æртæ районы аргъау, фехъусын кодтой Sputnik Культурæйы министрады пресс-службæйы.

Къоста - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг скъоладзаутæ хайад райсдзысты Ирон æвзаджы боны Дзæуджыхъæуы

"Дыццæджы, 15 майы, Ирон æвзаджы боны Культурæйы министрады хъæппæрисæй Ӕлборты Феликсы номыл музыкалон ахуыргæнæндоны ацæудзæн фестиваль "Ирон зарæг". Бæрæгбоны цытæн ма Анахарсисы номыл РХИ Национ библиотекæйы ауагътой литературон-музыкалон изæр "Ирон æвзаг – нæ фарны сæр, нæ хæзнадон", — загътой пресс-службæйы.

Уым ма банысан кодтой, ацы къуыри республикæйы районты сабитæн кæй равдисдзысты аргъау "Бирæгъ æмæ тæрхъустæ".

Ахуырады министрад та æртыццæгмæ æрæмных кодта ирон æвзаджы бахъахъхъæныны æмæ райрæзты ног нывæзтыл уынаффæты тымбыл фынг, загътой Sputnik уагдоны.

Ирон æвзаджы бон Ирыстоны хуссары æмæ цæгаты дæр нысан цæуы 15 майы 2003 азæй фæстæмæ. Датæ æвзæрст æрцыд Хетæгкаты Къостайы "Ирон фæндыр"-ы мыхуыры бонæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0