Цхинвалы хӕдтулгӕ батыдта хӕлцадон дуканийы къул

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цауы фӕстиуӕгӕн хӕдтулгӕйы скъӕрӕг райста цӕфтӕ ӕмӕ йӕ аластой республикон соматикон рынчындонмӕ

ЦХИНВАЛ, 15 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы 29-аздзыд цӕрӕг хӕдтулгӕйыл бадгӕйӕ сӕмбӕлд хӕлцадон дуканийыл, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Авари ӕрцыд къуырисӕры, изӕры фондз сахатыл.

"Цхинвалы 29-аздзыд цӕрӕг автомашинӕ ВАЗ-21074-йыл бадгӕйӕ, Джиоты Аланы проспектыл нӕ сырӕхст хӕдтулгӕ скъӕрын ӕмӕ ныццавта дуканийы къул", — хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ.

Цауы фӕстиуӕгӕн хӕдтулгӕйы скъӕрӕджы цӕфтимӕ аластой Цхинвалы республикон соматикон рынчындонмӕ. Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ бӕрӕг кӕнынц цауы ӕууӕлтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0