Уӕрӕсейы арӕныл ӕрцахстой егъау контрабандон уӕз Хуссар Ирӕй

© Пресс-служба Северо-Осетинской таможни Уӕрӕсейы арӕныл ӕрцахстой егъау контрабандон уӕз Хуссар Ирӕй
Уӕрӕсейы арӕныл ӕрцахстой егъау контрабандон уӕз Хуссар Ирӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Контрабандисттӕ адих кодтой уаргъ ӕхсӕз автомашинӕйыл, кӕцытӕ-иу ӕрбахӕццӕ сты уадзӕн пункт "Дӕллаг Зӕрӕмӕг"–мᴂ алы 15 минут

ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны таможнӕйы кусджытӕ ӕмӕ арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрцахстой контрабандон тамакоты егъау уаргъ, кӕцы хъавыдысты ӕрбаласын Уӕрӕсейы территоримӕ Хуссар Ирыстонӕй цалдӕр автомашинӕйыл, хъусын кӕны таможнӕйы пресс-службӕ.

Хуссар Иры ӕмбӕстӕгты ӕрцахстой Уӕрӕсемӕ тамакойы кондрабандӕйыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕмбӕстӕгты ӕрцахстой Уӕрӕсемӕ тамакойы кондрабандӕйыл

"Къорд ӕмбӕстаджы, развӕлгъау бадзырдмӕ гӕсгӕ, адих кодтой контрабандон уӕз цалдӕр машинӕйыл, цӕмӕй аивӕрзой уголовон бӕрнӕй, сӕ фӕнд куы раргом уа, уӕд. Бонӕй таможнӕйон зонӕмӕ бахӕццӕ автомашинӕ "Лада Приора". Басгӕрсты рӕстӕджы ссардӕуыд тамакоты сусӕгран. Уый уыдис фыццаг арӕнсӕттӕг уыцы бон", — хъусын кӕны уагдон.

Афтӕ ма банысан кодтой, цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ таможнӕйон арӕн фехалын кӕй хъавыдысты ноджы цыппар автомашинӕйы ВАЗ-2114, кӕцытӕ-иу ӕрбахӕццӕ сты алы 15 минут. Нелегалон уӕз уыд ӕмбӕхст машинӕйы хӕйтты.

© Пресс-служба Северо-Осетинской таможни Уӕрӕсейы арӕныл ӕрцахстой егъау контрабандон уӕз Хуссар Ирӕй
Уӕрӕсейы арӕныл ӕрцахстой егъау контрабандон уӕз Хуссар Ирӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
Уӕрӕсейы арӕныл ӕрцахстой егъау контрабандон уӕз Хуссар Ирӕй
© Пресс-служба Северо-Осетинской таможни Уӕрӕсейы арӕныл ӕрцахстой егъау контрабандон уӕз Хуссар Ирӕй
Уӕрӕсейы арӕныл ӕрцахстой егъау контрабандон уӕз Хуссар Ирӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/4

3/4

4/4

Таможнӕйон арӕнхалджыты ныхмӕ бакодтой административон хъуыддаг. Ӕдӕппӕтӕй байстой 14.5 къоппы "Dover Export Slims" ӕмӕ "Continent Compact" тамакотимӕ, алы къоппы дӕр уыд фӕйнӕ 50 блочы.

Ног хабӕртты лентӕ
0