Хуссар Иры милици бакодта уголовон хъуыддаг "Лирика" парахатгӕнӕджы ныхмӕ

Рафыссын
Цхинвалы цӕрӕджы ӕрцахстой ӕртыццӕджы, йӕ автомашинӕйы басгӕрсты рӕстӕджы ссардтой тобӕгонд препарат "Лирика"

ЦХИНВАЛ, 18 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) фӕдагуырды управлени бакодта уголовон хъуыддаг Цхинвалы цӕрӕджы ныхмӕ, кӕцымӕ оперативон кусджытӕ ссардтой тобӕгонд препарат "Лирика"-йы капсулӕтӕ.

52-аздзыд нӕлгоймаджы ӕрцахстой Дзауы районы ӕртыццӕджы. Йӕ автомашинӕйы басгӕрсты рӕстӕджы ссардтой тобӕгонд препарат "Лирика"-йы ӕртӕ капсулӕ.

Лирика - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Лирика"-йы тыххæй Хуссар Ирыстоны бадын кæндзысты ахæстоны

"МХМ фӕдагуырды управлени бакодта уголовон хъуыддаг Цхинвалы цӕрӕджы ныхмӕ, кӕцымӕ зӕрдӕ 'хсайдта препарат "Лирика"-йы ӕнӕзаконон ӕрбаласт, ӕлхӕд, рацарӕзт, ӕмӕ уӕйы фӕдыл. Уый та хӕссы уголовон бӕрндзинад", — фехъусын кодта МХМ пресс-службӕ.

Хуссар Ирыстоны "Лирика" у тобӕгонд, уый фӕдыл ӕмбӕлон закон райста республикӕйы парламент 2015 азы. Ивгъуыд мӕйы депутаттӕ баххӕст кодтой закон, сӕйраджыдӕр, фӕкарз кодтой препарат парахат ӕмӕ ласыны фӕдыл бӕрн. Ныр уый тыххӕй ис ӕрмӕст административон нӕ, фӕлӕ ма уголовон ӕфхӕрд дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0