Sputnik балӕууыд хӕрзаудӕн згъорд #RunTskhinval-ы фарс

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæХӕрзаудӕн згъорд
Хӕрзаудӕн згъорд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сӕрды фыццаг улӕфтбонты Sputnik, Pioner Fitness ӕмӕ Фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитет хонынц алкӕй дӕр хайад райсын хӕрзаудӕн згъорд #RunTskhinval-ы

ЦХИНВАЛ, 21 май, Sputnik Пресс-службӕ, — Ӕхсӕнадӕмон информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik Хуссар Ирыстон хоны республикӕйы цӕрджыты хайад райсын Фыццаг хӕрзаудӕн згъорд #RunTskhinval-ы, кӕцы у нывонд Сывӕллӕтты хъахъхъӕнынады бонӕн. Хайад райсыны тыххӕй хъӕуы раттын онлайн-бавдыст 1 июны 20:00 сахатмӕ ӕмӕ бафидын хӕрзаудӕн бахаст. Афтӕ ма регистраци ацӕуын гӕнӕн ис мадзал уадзыны бон — 2 июны 10:00 —11:00 сахатмӕ Пионерон парчы централон бахизӕны. Уый фӕстӕ хайадисджытӕн ратдзысты номыртӕ ӕмӕ дон ӕвгты. Фыццаг къӕпхӕнтӕм чи схиза, уыдон схорзӕхджын кӕндзысты майдантӕй (кубоктӕй), грамотӕтӕй ӕмӕ зӕрдылдарӕн призтӕй. Мадзал цы ӕхцайы фӕрӕзтӕ ӕртымбыл кӕндзӕн, уыдон ратдзысты Сывӕллӕтты хӕрзаудӕн фонд "Лӕвар базыртӕ"-н.

"Агентад Sputnik ӕнхъары сӕрды фыццаг улӕфтбонтӕ активонӕй арвитын ӕмӕ хайад райсын хӕрзаудӕн згъорд #RunTskhinval-ы, кӕцыйы нысан, фыццаджыдӕр, у сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, афтӕ ма спорт спопулярон кӕнын ӕмӕ активон адӕмы фӕлтӕр схъомыл кӕнын. Згъорды ма хайад райсдзӕн Sputnik командӕ дӕр!" — загъта Sputnik Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Виталий Раднаев.

Акци уагъд ӕрцӕудзӕн Pioner Fitness ӕмӕ фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты ӕххуысӕй.Sputnik (sputniknews.com) — ног хабӕртты агентад ӕмӕ радио мультимедион информацион хабтимӕ дӕсгай бӕстӕты. Sputnik-ы сконды сты 30 сайтӕй фылдӕр, аналогон ӕмӕ цифрон радиофидиуӕн, мобилон ӕмхасӕнтимӕ ӕмӕ социалон хызӕгты фӕрстимӕ. Рафысджытӕн ног хабӕртты лентӕтӕ ӕнӕхъӕн суткӕйы дӕргъы цӕуынц англисаг, арабаг, испайнаг ӕмӕ китайаг ӕвзӕгтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0