Фӕстаг дзӕнгӕрӕджы бон Хуссар Ир сӕхгӕндзӕн Гуырдзыстонимӕ арӕн

© Sputnik / Алексей КовалевВыпускной бал 2016
Выпускной бал 2016 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ аразынц ӕдасдзинады фӕтыхджындӕргонд мадзӕлттӕ скъолаты рауагъдон изӕртӕ ауадзыны фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 24 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад майрӕмбоны сӕхгӕндзӕн Гуырдзыстонимӕ арӕн, хъусын кӕны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕ.

Республикӕйы 26 майы уагъд ӕрцӕудзысты рауагъдон изӕртӕ скъолаты. Уый фӕдыл барадхъахъхъӕнӕг органтӕ аразынц ӕдасдзинады фӕтыхджындӕргонд мадзӕлттӕ.

"Ӕдасдзинады мадзӕлттӕ кӕй фӕтынгдӕр кӕндзысты, уый фӕдыл 25 майы 20:00 фӕстӕмӕ сӕхгӕндзысты паддзахадон арӕн Гуырдзыстонимӕ", — банысан кодтой Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты.

Афтӕ ма уагдоны бафтыдтой, уадзӕн пукттӕ хуымӕтӕг режимы кусын кӕй райдайдзысты 27 майы райсом 8 сахатыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0