Сири банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад

© AFP 2022 / Joseph EidСириаг тырыса
Сириаг тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад фехъусын кодта дыууӕ бӕстӕты ӕхсӕн дипломатон ахастыты сфидары тыххӕй минӕварадты ӕмвӕзадыл

ЦХИНВАЛ, 29 май — Sputnik. Сириаг Арабаг республикӕ ӕмӕ Хуссар Ирыстон фехъусын кодтой кӕрӕдзи хӕдбардзинад банымайын ӕмӕ бӕстӕты ӕхсӕн дипломатон ахастытӕ сфидар кӕныны тыххӕй. Уый тыххӕй фехъусын кодта хуссарирыстойнаг ФХМ пресс-службӕ.

"Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад, йӕ хицауадӕй ӕвджидар, хъусын кӕны, республикӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Сириаг Арабаг республикӕ, дипломатон ахастыты фӕдыл 18 апрель 1961 азӕй арахайӕ Венаг конвенцимӕ ӕмӕ консулаг ахастыты фӕдыл 23 апрель 1963 азӕй Венаг конвенцимӕ гӕсгӕ, хъусын кӕнынц кӕрӕдзи хӕдбардзинад банымайын ӕмӕ бӕстӕты ӕхсӕн дипломатон ахастыты сбӕлвырды тыххӕй минӕварадты ӕмвӕзадыл", — хъусын кӕны уагдон.

Бӕстӕтӕ тырндзысты ӕххӕстмасштабон политикон, экономикон ӕмӕ культурон ӕмгуыстад сбӕлвырд ӕмӕ райтынг кӕнынмӕ сӕ адӕмты хӕрзӕбонӕн, бафтыдтой уагдоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0