Хуссар Ирыстоны делегаци фӕнд кӕны Сиримӕ балц июны

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæДамаск
Дамаск - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президенты ӕххуысгӕнӕг радзырдта, кӕд фӕнд кӕны бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Сиримӕ абалц кӕнын

ЦХИНВАЛ, 30 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бӕстӕйы делегацийы сӕргъ чизоны абалц уа Сириаг Арабаг Республикӕмӕ июны. Уый тыххӕй РИА Новости радзырдта хуссарирыстойнаг лидеры ӕххуысгӕнӕг Гӕззаты Давид.

Сириаг тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сири банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад

"Президент Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй Хуссар Ирыстоны делегаци гӕнӕн ис ӕмӕ ацӕуа Сиримӕ ацы аз июны", — загъта уый.

Раздӕр Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад фехъусын кодта, Сири кӕй банымадта республикӕйы хӕдбардзинад. Бӕстӕтӕ тырндзысты ӕххӕстмасштабон политикон, культурон, экономикон ӕмгуыстад сӕндидзын ӕмӕ райтынг кӕнынмӕ сӕ адӕмты хӕрзӕбонӕн.

2008 азы 26 августы Уӕрӕсейы уӕды президент Дмитрий Медведев йӕ къух бафыста Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайыны указыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0