Мугуты хъӕуы цӕрӕг сылгоймаг фӕмард аварийы

© Sputnik / Руслан ТадтаевАвари
Авари - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сылгоймаг нӕ сырӕхст хӕдтулгӕ скъӕрын ӕмӕ ахаудта былӕй

ЦХИНВАЛ, 31 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны аварийы фӕстиуӕгӕн фӕмард Мугуты хъӕуы 39-аздзыд цӕрӕг сылгоймаг, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Фӕндагон транспортон цау (ФТЦ) ӕрцыдис Знауыры районы Принеуы хъӕуы цур 16:30 сахатыл.

"Хӕдтулгӕ ВАЗ-2115 шофыр, Мугуты хъӕуы 39-аздзыд цӕрӕг, цыд Принеуы хъӕуы рдӕм, фӕзилӕны нӕ сырӕхст хӕдтулгӕ скъӕрын ӕмӕ ахаудта былӕй. Райсгӕ цӕфтӕй сылгоймаг фӕмард бынаты", — радзырдтой МХМ.

© Sputnik / Руслан ТадтаевАвари
Авария - Sputnik Хуссар Ирыстон
Авари

Хӕдтулгӕйы ма шофырӕй дарддӕр уыд ӕхсӕз адӕймаджы, се 'хсӕн ӕртӕ сывӕллоны — иу-, цыппар- ӕмӕ авдаздзыдтӕ. Пассажирты иууылдӕр алыгъуызон буары цӕфтимӕ аластой Цхинвалмӕ республикон рынчындонмӕ.

Цауы ӕууӕлтӕ бӕрӕг кӕны Знауыры районы мидхъуыддӕгты управлени.

Ног хабӕртты лентӕ
0