Бибылты Анатолий уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕн: Хуссар Ир уыдзӕн сымахӕй сӕрыстыр

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы
Бибылты Анатолий уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент бацыд бӕрӕгбонон ӕмбырдмӕ, кӕцы уыд нывонд Уӕрӕсейы цыппӕрӕм ӕфсӕддон базӕйы сӕрдыгон ахуыры рӕстӕджы райдайӕнӕн

ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik. Уӕрӕсейы ӕфсӕддон базӕ у Хуссар Ирыстоны ӕдасдзинады гарант, йӕ тых баст у алы ӕфсӕддоны индивидуалон цӕттӕдзинадыл, загъта президент Бибылты Анатолий ӕмбырды рӕстӕджы, кӕцы ауагътой Цхинвалы базӕйы территорийыл.

Паддзахады сӕргълӕууӕг майрӕмбоны бацыд бӕрӕгбонон ӕмбырдмӕ, кӕцы уыд нывонд Уӕрӕсейы цыппӕрӕм ӕфсӕддон гвардион базӕйы сӕрдыгон ахуыры рӕстӕджы райдайӕнӕн.

Тактические учения с подразделениями соединения специального назначения ЮВО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры æфсæддонтæ уæрæх кæнынц æмгуыстад уæрæсейаг базæимæ

"Уӕрӕсейы къухдариуӕгад ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министрад аразынц алцыдӕр, цӕмӕй уӕрӕсейаг ӕфсад райса ног хӕцӕнгарз, ног техникӕ ӕмӕ цӕмӕй ӕфсӕддонтӕ цӕрой хорз уавӕрты. Арӕзт цӕуынц алы уавӕртӕ дӕр, цӕмӕй ӕфсад бацӕттӕ уа иууыл стыр ӕмвӕзадыл. Ӕмӕ ӕз хъуыды кӕнын, сымах — Фыдыбӕстӕйы хъахъхъӕнджытӕ, кӕй сараздзыстут алцыдӕр, цӕмӕй уӕ Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны адӕм сӕрыстыр уой", — загъта президент.

Афтӕ ма Бибылты Анатолий ӕрхъуыды кодта, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсе кӕй бафыстой бадзырд, цӕмӕй хуссарирыстойнаг ӕфсады иу хай бахиза УФ-йы ӕфсады рӕнхъытӕм.

"Мӕн уырны, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы арӕнты иумӕйаг хъахъхъӕнынад фылдӕр пайда кӕй ӕрхӕссдзӕн", — бахахх кодта президент.

Ног хабӕртты лентӕ
0