Хуссар Иры ӕбӕрӕг фыдгӕнӕг "ауагъта" 150 мин сомы аргъ кӕсӕгты

© Sputnik / Наталья АйриянРыбное хозяйство
Рыбное хозяйство - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕткхалӕг ауагъта кӕсӕгты иу хай бассейнӕй цӕугӕдонмӕ, иннӕ хай та скуынӕг кодта

ЦХИНВАЛ, 4 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Гъуертеуы хъӕуы ӕбӕрӕг фыдгӕнӕг бахызт фермерон хӕдзарады территоримӕ 1 июны ӕхсӕвы ӕмӕ ауагъта кӕсӕгты цӕугӕдонмӕ, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ. Ахӕм куырдиатимӕ барадхъахъхъӕнджытӕм бацыд хӕдзарады хицау.

Лосось и форель: как разводят рыбу в селе Касагджын - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕргъай æмæ валергæсаг: куыд хъомыл кӕнынц Кӕсагджыны хъӕуы кӕсаг

"Ӕбӕрӕг гоймаг бахызт ӕфсӕйнаг ӕмбонды сӕрты варелгӕсаг дарӕн хӕдзарады территоримӕ, кӕцы ис Знауыры районы Гъуертеуы хъӕуы, скуынӕг кодта хъулон кӕсаджы иу хай, иннӕ хай та ауагъта цӕугӕдонмӕ", — хъусын кӕны уагдон.

Цауы бынатмӕ ацыдис Знауыры районы Мидхъуыддӕгты управленийы оперативон къорд ӕмӕ РХИ МХМ оперативон-фӕдагуырды къорд. Кӕсӕгты хицау фехъусын кодта фӕдагурджытӕм, иумӕйаг зианы аргъ кӕй у 150 мин сомы.

Басгӕрст уадзы Знауыры районы Мидхъуыддӕгты управлени.

Ног хабӕртты лентӕ
0