"Iron Legion": Ӕхсæнадæмон турниры боксерты сбарстой Цхинвалы

© Sputnik / Наталья АйриянВзвешивание боксеров
Взвешивание боксеров - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ногдзауты парчы ацыд боксерты барыны церемони - 9 ныхмæлæууæг къайы сбæлвырд кодтой сæ уæзы категоритæ æмæ фембæлдысты цæстæнгасæй

ЦХИНВАЛ, 4 июн — Sputnik, Плиты Фатимæ. Профессионалон боксы æхсæнадæмон турниры архайджытæ фæуазæг сты Цхинвалмæ. Боксертæ рингмæ рахиздзысты сом, фæлæ уал уый агъоммæ ацыд уæзы категоритæ сбæлвырд кæныны цытджын церемони.

Тренер Виталий Сланов со своими подопечными Муратом Гассиевым и Сосланом Тедеевым - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Iron Legion" ауадздзæн боксы турнир Ирыстоны

Æмткæй турниры архайы 18 боксеры, уыдон сты Ирыстон, Китай, Узбекистан, Киргизи, уæрæсейаг горæттæ — Нахабино, Рязань, Черкесск æмæ Краснодарæй.

Барыны официалон церемони, кæцы нысан æрцыд сихормæ, ныффæстиад ис æртæ сахатмæ æввахс. Спортсментæн фæзынд проблемæтæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ʻхсæн паддзахадон арæны сæртыл хизгæйæ.

Кафе "Vincenzo"-йы сæрдыгон агъуысты æрæмбырдуæвджыты къуыхæмдзæгъдмæ сæхи барстой 9 ныхмæлæууæг къайы. Ногдзауты парк цасдæр рæстæг байдзаг ис номдзыд тренертæ æмæ зынгæ спортсментæй. Ирон боксертæ бынæттон æхсæнады раз сæ дарæс раласын фефсæрм кодтой æмæ уыдонæн барыны церемони ацыд хæлæфты кæнæ цыбыркъах хæлæфты.

© Sputnik / Наталья АйриянБоксеры барыны церемони
Взвешивание боксеров - Sputnik Хуссар Ирыстон
Боксеры барыны церемони

Фæстагмæ барæныл слæууыдысты профессионалон боксы изæры сæйраг тохы ныхмæлæууджытæ. Иууыл цымыдисондæр тох уыдзæн фæсивæдыʻ хсæн дунейы чемпион IBF-ы версимæ гæсгæ, Сланты Виталий æмæ Тедеты Аликы хъомылгæнинаг, цхинвайлаг Тедеты Сосланы æмæ узбекистайнаг æнæсаст 28-аздзыд Улукбек Холовы ʻхсæн.

"Мах нæхи цæттæ кæнæм астраундон тохмæ. Хуыцауы фæрцы, хъуамæ ацы тох рамбулæм мах", — загъта Sputnik Тедеты Сослан.

Тедеты Сосланæй дарддæр ма Хуссар Ирыстоны номæй турниры стох кæндзæн Чилæхсаты Таир, уый 90+ кг уæзы йæ тыхтæ бавзардзæн латвийаг Эдгарс Калнасимæ. Ноджы ма фондз ирон боксер та тох кæндзысты Дзæуджыхъæуы номæй. Се ʻхсæн Къæбысты Аслан, Хуыгаты Алан, Моураты Хетæг, Тадтаты Сæрмæт, Байаты Сослан. Турнирмæ æртæ боксеры æрцыдысты Китаййæ – Хы Дзюндзюн, Лю Пинг æмæ Сяо Ланхай, афтæ ма боксертæ Узбекистан, Киргизи æмæ уæрæсейы горæттæй. Дыууæ боксеры нырма сты фæндагыл.

© Sputnik / Наталья АйриянБарыны цытджын церемони
Взвешивание боксеров - Sputnik Хуссар Ирыстон
Барыны цытджын церемони

Церемонийы кæрон организатортæ адæмы æрхуыдтой Цхинвалы спорты галуан "Олимп"-мæ дыццæджы 6 сахатмæ, цы ран ацæудзæн турнир.

Профессионалон боксы турнир цæуы Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы хъæппæрисæй. Организатортæ сты æхсæнадон змæлд "Ирон Легион" æмæ "Урал Бокс Промоушен".

Ног хабӕртты лентӕ
0