Хуссар Иры ацæудзæн Къудухты Бесикы номарæн республикон турнир

© Sputnik / Наталья АйриянБесикы номарæн турнир
Бесикы номарæн турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæгъдибар хъæбысхæсты æппæтреспубликон турниры архайдзысты горæты æмæ районты секциты хъомылгæнинæгтæ, организатортæ æнхъæлмæ кæсынц 150 спортсменмæ

ЦХИНВАЛ, 5 июн — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны уæгъдибар хъæбысхæсты скъола сиды чысыл спортсментæм номдзыд богал Къудухты Бесикы номарæн фыццаг республикон турнирмæ, фехъусын кодта Sputnik уæгъдибар хъæбысхæсты скъолайы директор, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы сгуыхт тренер Тедеты Мурат. 

Ӕрвылаз Бесикы номыл æхсæнадæмон турниртæ цæуынц Краснодары æмæ Хуссар Иры. Курдиатджын богал бабын ис автокатастрофæйы 2013 азы йæ спортивон карьерæйы тæмæны. Нымад цыд йæ дуджы иууыл техникондæр хъæбысæйхæцæгыл. Йæ амæлæты фæстæ йæ ном радтой уынгтæн Краснодары æмæ Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы.

Бесик Кудухов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон богалтæ райстой 14 хорзæхы Къудухты Бесикы номыл турниры

"Сабаты, 9 июны Цхинвалы спорты скъолайы боны дæргъы цæудзæн уæгъдибар хъæбысхæстæй Къудухты Бесикы номарæн фыццаг республикон турнир. Ерыстæм хуынд цæуынц канд нæ скъолайы хомылгæнинæгтæ нæ, фæлæ æппæт республикæйы уæвæг секциты спортсментæ — Къуаисайæ, Ленингорæй, Дзауæй æмæ æндæр хъæутæй. Æнхъæлмæ кæсæм 150 богалмæ", — загъта Тедеты Мурат.

Турнир уадзы Уæгъдибар хъæбысхæсты республикон скъола Спорты комитеты æмархайдæй. Ерысты финансон хæрдзтæ сæхимæ райстой Къудухты Бесикы æмгæрттæ.

Къудухты Бесик райгуырд Хуссар Ирыстоны, Ленингоры районы. У 2008 азы Пекины олимпиадæйы бронзæйон призер, 2012 азы Лондоны олимпиаг хъæзтыты æвзист майданы хицау, дунейы цыппар хатты чемпион, Европæйы чемпион æмæ Уæрæсейы фондз хатты уæлахиздзау.

Ног хабӕртты лентӕ
0