Хуссар Иры юстицийы министрад бахъаст кодта тӕрхондмӕ парти "Алантыл"

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ юстицийы министр Лалиты Зӕлинӕ
РХИ юстицийы министр Лалиты Зӕлинӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тӕрхондоны уынаффӕйӕ Хуссар Ирыстоны сликвидаци кодтой ныридӕгӕн ӕртӕ партийы, ноджы ма иу парти та йӕхи сӕхгӕдта. Политикон партиты нымӕц республикӕйы фӕцъусдӕр 14-ӕй дӕсмӕ

ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны юстицийы министрад бадӕтта тӕрхондонмӕ, цӕмӕй сӕхгӕной политикон парти "Алантӕ", ӕвзӕрстыты хайад кӕй нӕ исынц, уый тыххӕн, фехъусын кодта Цхинвалы пресс-конференцийы рӕстӕджы юстицийы министр Лалиты Зӕлинӕ.

"Парти "Алантӕ", кӕцы у регистрацигонд Къӕбысты Иналы номыл, хайад нӕ исты ӕвзӕрстыты фондз азӕй фылдӕр. Алкӕцы политикон партийы нысан у паддзахады политикон царды хайад исын. Законмӕ гӕсгӕ, парти ӕвзӕрстыты хайад куы нӕ иса фондз азӕй фылдӕр, уӕд ис бар йӕ сӕхгӕнынӕн", — загъта Лалиты Зӕлинӕ.

Министр бафтыдта, ӕрвылазон нывӕзтмӕ гӕсгӕ Юстицийы министрад кӕй басгары 180 ӕнӕкоммерцион ӕхсӕнадон организацийӕ фылдӕр. Ацы тӕккӕ уагдоны сгары парти "Фыдыбӕстӕ".

Амӕйразмӕ тӕрхондоны уынаффӕйӕ сликвидаци кодтой политикон партитӕ "Фидӕн", "Ирыстон — Сӕрибары фӕзуат", "Хорздзинад ӕмӕ Рӕстдзинад". Парти "Рӕстдзинад. Фӕллой. Райрӕзт" йӕхи сӕхгӕдта. Афтӕмӕй, политикон партиты нымӕц республикӕйы фӕцъусдӕр 14-ӕй дӕсмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0