Джуссойты Алан: Хуссар Иры ӕхсӕнад фыдӕнхъӕл фӕцис партитӕй

© SputnikДжуссойты Алан
Джуссойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президенты администрацийы минӕвар Джуссойты Алан загъта йӕ хъуыды парти "Аланты Цӕдис" ӕмӕ "Паддзахад Аланийы Коммунистты" тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 8 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны политикон партиты фылдӕрӕн нӕй идеологон бындур ӕмӕ сӕ бон нӕу адӕмы ӕрбаиу кӕнын, уый фӕдыл сӕ 'хсӕнад фыдӕнхъӕл фӕцис, радзырдта президенты мидӕггагон политикӕйы управленийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Джуссойты Алан Sputnik пресс-центры.

РХИ юстицийы министр Лалиты Зӕлинӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры юстицийы министрад бахъаст кодта тӕрхондмӕ парти "Алантыл"

Цыппӕрӕмы Sputnik-ы уагъд ӕрцыд мыхуыр ӕмӕ информацийы паддзахадон комитеты сӕргълӕууӕг Хъотайты Марияйы радон брифинг, уым ӕрдзырдтой 2019 азы парламентон ӕвзӕрстытыл. Брифингы хайад райста Джуссойты Алан, кӕцы бамбарын кодта, къорд партийы кӕй не срегистраци кодтой, уый аххосӕгтӕ.

Афтӕ ма президенты администрацийы минӕвар ской кодта Хуссар Ирыстоны президенттӕм раздӕры кандидаты парти "Аланты Цӕдисы" тыххӕй дӕр, кӕцыйы Юстицийы министрад не срегистраци кодта майы кӕроны.

"Парти "Аланты Цӕдисӕн" уыдис хъӕндзинӕдтӕ, кӕцытӕ сӕ нӕ бауагътой регистраци ацӕуын. Партийы уӕнгтӕ дзырдтой, фӕткхӕлдтӕ ницӕйаг кӕй уыдысты, фӕлӕ цыфӕнды хуызӕн ма уой, уӕддӕр уыдысты. Цӕуы политикон тох, фӕлӕ ис нормативон-барадон базӕ, кӕцы алы парти дӕр хъуамӕ ӕххӕст кӕна", — загъта Джуссойты Алан.

Афтӕ ма уый загъта йӕ хъуыды парти "Паддзахад Аланийы Коммунистты" тыххӕй дӕр, кӕцыйы дӕр нӕ бауагътой регистраци кӕнын.

Алла Джиоты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны сæхгæдтой парти, кæцы сарæзта оппозицийы раздæры лидер

"Махмӕ ис 1996 азы уынаффӕ мадзӕлттӕ уадзыны тыххӕй, съезды организатортӕ зыдтой уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕддӕр лӕмбынӕг не ркастысты ацы хъуыддагмӕ. Ахсгӕ никӕй ӕркодтой. Ӕрцахстой ӕрмӕст иу адӕймаджы, уынджы кӕй агитаци кодта, уый тыххӕй. Протокол ыл куы сарӕзтой, уӕд ӕй ауагътой", — загъта президенты администрацийы минӕвар.

Хуссар Ирыстоны ныр ис дӕс политикон парти. Ацы азы райдайӕнӕй тӕрхондоны уынаффӕйӕ сликвидаци кодтой политикон партитӕ "Фидӕн", "Ирыстон — Сӕрибары фӕзуат", "Хорздзинад ӕмӕ Рӕстдзинад". Парти "Рӕстдзинад. Фӕллой. Райрӕзт" йӕхи сӕхгӕдта.

Партитӕ сликвидаци кодтой, уый тыххӕй ӕмӕ фӕстаг фондз азы хайад нӕ истой политикон архайды, кӕцы домы закон.

Ног хабӕртты лентӕ
0