Хуссар Иры президент раарфӕ кодта цӕрджытӕн Уӕрӕсейы боны цытӕн

© Sputnik / Наталья АйриянАвтозгъорд
Автозгъорд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы цӕрджыты фылдӕр хайӕн ис дывӕр ӕмбӕстагад – хуссарирыстойнаг ӕмӕ уырыссаг

ЦХИНВАЛ, 12 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстонӕн Уӕрӕсейы бон ӕрмӕст стратегион ӕмбалы бӕрӕгбон нӕу, фӕлӕ ма у нысаниуӕгджын датӕ республикӕйы цӕрджытӕн, кӕцыты 95% сты Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕ. Уый тыххӕй дзырдӕуы Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы арфӕйы Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕм, кӕцытӕм паддзахады сӕргълӕууӕг ӕрдзырдта куыд йӕ ӕмбӕстӕгтӕм.

"Иумӕйаг бӕрӕгбонтӕ бахахх кодтой не 'мбалдзинады нысаниуӕг, кӕцыйы истори у сӕдӕ азты ӕмӕ дзы уыдис ӕрмӕст дӕр ӕфсымӕрдзинад. Абон Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн хорз ахастытӕ ӕмӕ интеграцион процесстӕ дарддӕр райтынг сты алкӕцы фадыджы дӕр — политикон, ӕфсӕддон, экономикон, культурон, ӕхсӕнадон", — дзырдӕуы арфӕйы.

Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы бон ссис улӕфты бон 2005 азӕй фӕстӕмӕ. Бӕрӕгбонон датӕ республикӕйы нысан кӕнынц алыгъуызон мадзӕлттӕй, се хсӕн сты автозгъорд, концерттӕ ӕмӕ конкурстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0